Бæстæмæ «Синофармы» вакцинæйы 100 мин дозæ æрхæццæ уыдзæн 11 сентябры
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр, Экатерине Тъикъарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ «Синофармы» вакцинæйы 100 мин дозæ, бæстæмæ, сабаты 11 сентябры æрласдзысты.
Экатерине Тъикъарадзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, «Синофармыл» регистраци къуырисæрæй сног уыдзæнис.
«Æхсызгон уац нæм ис уыцы æмбæстæгтæн, чидæриддæр сывзæрста «Синофарм». Бузныг «Сырх Дзуарæн» кæцыйæ мах 100 мин дозæ «Синофарм» райсдзыстæм лæвар сабаты. Уый нын ратдзæн фадат, цæмæй къуырисæрæй та сног кæнæм куыд регистраци, афтæ æнæрегистрацийæ вакцинаци. Ис нæм вакцинациы компоненты уæрæх ассортимент», – райхъусын кодта Тъикъарадзе.