Экатерине Тъикъарадзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстонмæ къуырийы кæронмæ   «Синофармы» æмæ «Синовакы»  вакцинæты  милуан дозæ  æрхæццæ уыдзæн
Экатерине Тъикъарадзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстонмæ къуырийы кæронмæ «Синофармы» æмæ «Синовакы» вакцинæты милуан дозæ æрхæццæ уыдзæн

Иннæ къуырийы   нæм уыдзæн вакцинæйы  бæрæг  бæрц  æмæ вакцинацийы  массон процессмæ рывналдзыстæм, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр  Экатерине Тъикъарадзе   райхъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм  гæсгæ, Гуырдзыстонмæ къуырийы кæронмæ  æрдæг милуан  дозæ  «Синофармы» æмæ   афтæдæр æрдæгмилуан  «Синовакы»  вакцинæтæ  æрбафтдзæн.

Амалгæнæгимæ бæрæг бадзырдты  бындурыл, кæцы йæ  хъуыдыйы  дары  конфиденциалондзинады бадзырд, нæй нын бар  нысаниуæгджын деталты  кой кæнын. Фæлæ   нæ бон у   сбæлвырд кæнын, цæмæй милуан  вакцинæ – æрдæг милуан «Синофарм»  æмæ æрдæг милуан «Синовак»  къуырийы  кæронмæ  уыдзæн Гуырдзыстоны.  Уымæ гæсгæ дæр иннæ  къуырийæ   нæ бон уыдзæн  ацы вакцинæтæй   массон вакцинаци райдаын», – загъта Тъикъарадзе.