Бадри Джапаридзе – сæйраг уый у, цæмæй ныр не ‘ппæт дæр здæхæм æвзæрстытæм, æмæ уый фæстæ архайдзыстæм Хартийы удварныл бындурæвæрдæй æмæ æрыздæхдзыстæм премьер-министры кандидаты фарстайы бакастмæ
Сæйраг уый у, цæмæй ныр не ‘ппæт дæр нæ хъус дарæм æвзæрстытæм, æмæ уый фæстæ архайдзыстæм Хартийы удварныл бындурæвæрдæй æмæ æрыздæхдзыстæм премьер-министры кандидаты фарста кæсынмæ,– уый фæдыл Кутаисы расидтис «Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы лидертæй сæ иу Бадри Джапаридзе.
Уымæй дарддæр ма, Джапаридзе куыд банысан кодта, афтæмæй президентæн æххæст бар ис кандидаты раразмæ кæна.
«Мæ бон у зæгъон уын «Тыхджын Гуырдзыстоны» позицийы фæдыл, цæмæй президентæн ис æххæст бар кандидаты раразмæ кæна, фæлæ ацы цауы, мæн фæнды равдисон «Тыхджын Гуырдзыстоны» позици, кæцы стыр кад æвдисы йæ тыхархайдæн. Нæ бæстæйæн ацы тынг уæззау рæстæджы президент тынг нысаниуæгджын роль æххæст кæны.
Премьер-министры кандидатмæ цы хауы, кæнæ æндæр министртæм, мах хъуыды кæнæм, цæмæй ныртæккæ сæйраг у «Гуырдзиаг Бæллиццы» 26-æм октябры хицауадæй аиуварс кæнын. Фæстæдæр архайдзыстæм хартийы удварнмæ гæсгæ, æрыздæхдзыстæм ацы темæйыл ныхас кæнынмæ, фæлæ гуырдзиаг адæм ахицæн кæндзысты, кæй сæ фæнды, чи хъуамæ уа иннæ хицауады сæрдар. Уымæ гæсгæ, ахсджиаг у, цæмæй не ‘ппæт дæр ныртæккæ æрæвналæм æвзæрстытæм. 26-æм октябры æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой сабырадонæй. Хъахъхъæд æмæ сифтонг кæнын хъæуы гуырдзиаг адæмы фæндон. 26-æм октябры æвзæрстыты фæстæ, æвæстиатæй райдайдзыстæм кусын ацы темæйыл», -расидтис Бадри Джапаридзе.