Мамука Хазарадзхе æмæ  Бадри Джапаридзе  Евроцæдисы офисы фембæлдысты Келли Дегнан æмæ Карл Харцелимæ
Мамука Хазарадзхе æмæ Бадри Джапаридзе Евроцæдисы офисы фембæлдысты Келли Дегнан æмæ Карл Харцелимæ

«Лело Гуырдзыстонæны» лидертæ Мамука Хазарадзе  æмæ   Бадри Джапаридзе  Евроцæдисы  минæварады  офисы  фембæлдысты  АИШ-ы минæвар Келли Дегнанимæ æмæ  Евроцæдисы минæвар Карл Харцелимæ. Фембæлды  фæстæ  Мамука Хазарадзе  журналисттимæ ныхасы рæстæджы куыд загъта афтæмæй, зæгъгæ фембæлдыл  фæуынаффæ  кодтой Европаг Советы президент, Шарль Мишелы  бакуыст   документы фæдыл.

Хазарадзейы  дзырдæй,   уыдон ноджы иу хатт  сфиксир кодтой  цæмæй  «Лелойы»  позици  æртæ  пунктмæ  гæсгæ  æнæивгæ у  æмæ  разы сты уыдонимæ, фæлæ  баззайгæ  дыууæ  пунктыл  дискусситæ цæудзысты.  Хазарадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   минæвæрттимæ  фембæлд  парти  «Лелойæн» хæдбарæй уыдис æмæ Гуырдзыстоны  парламенты сæрдары æмæ минæвæртты  фембæлд  сæ бауыды онг   уыд.

«Деталты  тыххæй нæ радзурдзынæн, фæлæ  мæ фæнды  сбæлвырд кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны рдæм ис стыр интерес.  Стыр архайд ис, цæмæй  Гуырдзыстоны фæстагмæ   уавæрæр сабыр уа фæлæ  уый нæу   оппозицийы  парламентмæ  бацыд.  Оппозицийы   парламентмæ  бацыды фæстæ хъуамæ уа  серьозон реформæтæ, кæцытæ  фæзындзысты   нæ алы æмбæстагы  цардуагыл. Хицаугæнæг балимæ  нын фембæлд нæ уыдис.  Нæ размæ   уыдис фембæлд. Мæнæн æмæ Бадрийæн уыд фембæлд минæвæрттимæ» – фехъусын кодта  Хазарадзе.

Евроцæдисы минæварады офисы  уыдис  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар, Арчил Талкъвадзе, кæцы офисæй æнæсдзургæйæ рацыд.