Азийы Рæзынады Банкъы президент «COVID 19»-ы ныхмæ тохы, Гуырдзыстонæн хъæддых æххуыс æвдисы
Цæмæй баххуыс кæнын у йæ бон Азийы Рæзынады Банкъæн (ADB) Гуырдзыстонæн «Ковид 19»-ы пандемийы ныхмæ хæцынæн – фæнысангонд фарста, Азийы Рæзынады Банкъы (ADB) президент Масацугу Асакава æмæ Гуырдзыстоны финансты министр Иванэ Мачъавариани, абон телефонон ныхасы рæстæджы æркастысты.
Фæнысангондмæ гæсгæ информацийы ахæлиу кодта Азийы Рæзынады Банкъ.
«Азийы Рæзынады Банкъ, æххæст фарсмæлæууд æвдисы Гуырдзыстонæн, сырæзт уæззау уавæры тæрхон кæнæм алы гæнæн вариантыл, цæмæй бæстæйæн цырдæй æмæ эффективонæй баххуыс уæм. ADB цæттæ у, хицауад æмæ сæйраг партнертимæ иумæ бакуса зианбавзарæг экономикæйæн æххуысæн, кæцы бæстæйæн ратдзæн фадат йæ цæрджыты сегасæй тыхджындæр зианбавзарæг хайыл аудын. Афтæдæр цæуы куыст, уæлæмхасæй хицæн секторæн æххуысы фæдыл», – райхъусын кодта банкъы президент Масацугу Асакава.
Финансты министр Иванэ Мачъавариани, йæхи æрдгæй, раарфæ кодта Азийы Рæзынады Банкъы президентæн банкъы æрдгæй равдисгæ æххуысы фæндоны æмæ уæнг бæстæтимæ, сæ нымæцы, Гуырдзыстонимæ интенсиво коммуникацийы тыххæй.
Азийы Рæзынады Банкъы ахæлиугонд информацийы банысангонд куыд у, афтæмæй, Гуырдзыстон дывæрæй тыхджын шок бавзæрста пандемийы комкоммæ æмæ нефтыл æргъты хауды фæрссаг æндæвдады тыххæй. Цæф сæрмагондæй вазыгджын у туризмы æмæ лæггады æндæр сектортæн.
Нефтыл æргъты хауд негативонæй æндавы сыхаг бæстæтæй æхца æрвыстыл æмæ фæнысангонд бæстæты рæзынады темпы фæсындæгæй, базарад дæр фæлæмæгъ уыдзæн.
Банкъы президент, Асакава, бахахх кодта уыцы факт, ома Гуырдзыстон акæнæг реформатор кæй у æмæ уымæй бæстæмæ уыд фадат, панемийы ныхмæ фидар дзуаппон мадзæлттæ сыххæст кæнын, сæ нымæцы фидтонон уæлбар, уæззау зианбавзарæг туризмы индустрийæн, экономикæйы баахъаз кæнынæн, капиталы инвестицитæ æмæ финанстæм рæувадат бацæуæн микро, лыстæг æмæ астæуккаг амалиуæгадтæн æмæ хицæн уæнгтæн. Ацы къахдзæфтæ Гуырдзыстонæн баххуыс уыдзысты ресурстæй эффективонæй пайдакæнынады æмæ бындур нывæрдзысты цырд темпæй экономикæйы рандидзыны процессæн.
2020 азы 18 марты Азийы Рæзынады Банкъ, 6.5 миллирады онг Аиш доллары райдиан æххуысы рауæлдай кæныны тыххæй райхъусын кодта, «Ковид 19»-ы пандемийы дзуапæн йæ уæнг рæзгæ бæстæтæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, фыццагон хъæуындзинæдтæн. ADB цæттæ у, куыд бахъæудзæн уымæ гæсгæ уæлæмас финансон æмæ консультацион æххуыс сифтонг кæнын.