Азийы  Рæзынады Банкъы  президент «COVID 19»-ы ныхмæ  тохы, Гуырдзыстонæн  хъæддых  æххуыс æвдисы
Азийы Рæзынады Банкъы президент «COVID 19»-ы ныхмæ тохы, Гуырдзыстонæн хъæддых æххуыс æвдисы

Цæмæй  баххуыс  кæнын у  йæ  бон Азийы  Рæзынады Банкъæн (ADB)  Гуырдзыстонæн  «Ковид 19»-ы пандемийы  ныхмæ   хæцынæн – фæнысангонд фарста, Азийы  Рæзынады Банкъы (ADB)  президент Масацугу  Асакава  æмæ  Гуырдзыстоны  финансты  министр Иванэ Мачъавариани, абон телефонон  ныхасы рæстæджы  æркастысты.

Фæнысангондмæ гæсгæ  информацийы   ахæлиу кодта  Азийы  Рæзынады Банкъ.

«Азийы   Рæзынады  Банкъ, æххæст фарсмæлæууд æвдисы   Гуырдзыстонæн, сырæзт  уæззау  уавæры тæрхон кæнæм  алы   гæнæн  вариантыл, цæмæй  бæстæйæн  цырдæй æмæ эффективонæй  баххуыс  уæм.  ADB цæттæ у, хицауад æмæ сæйраг партнертимæ иумæ  бакуса    зианбавзарæг экономикæйæн æххуысæн, кæцы  бæстæйæн   ратдзæн  фадат    йæ цæрджыты  сегасæй   тыхджындæр зианбавзарæг    хайыл  аудын.  Афтæдæр цæуы  куыст,   уæлæмхасæй  хицæн секторæн  æххуысы фæдыл», – райхъусын кодта   банкъы президент Масацугу Асакава.

Финансты   министр Иванэ Мачъавариани, йæхи æрдгæй,  раарфæ кодта  Азийы Рæзынады Банкъы  президентæн   банкъы æрдгæй   равдисгæ æххуысы фæндоны æмæ   уæнг бæстæтимæ, сæ нымæцы, Гуырдзыстонимæ интенсиво  коммуникацийы  тыххæй.

Азийы Рæзынады  Банкъы  ахæлиугонд  информацийы банысангонд  куыд у,  афтæмæй,  Гуырдзыстон дывæрæй   тыхджын  шок  бавзæрста    пандемийы  комкоммæ  æмæ   нефтыл æргъты  хауды   фæрссаг   æндæвдады  тыххæй.   Цæф  сæрмагондæй  вазыгджын  у  туризмы  æмæ  лæггады æндæр сектортæн.

Нефтыл æргъты  хауд негативонæй æндавы  сыхаг бæстæтæй  æхца æрвыстыл  æмæ фæнысангонд бæстæты  рæзынады темпы  фæсындæгæй,  базарад дæр фæлæмæгъ уыдзæн.

Банкъы президент,  Асакава,   бахахх кодта  уыцы факт, ома Гуырдзыстон акæнæг  реформатор кæй  у  æмæ уымæй бæстæмæ  уыд   фадат,  панемийы ныхмæ  фидар  дзуаппон мадзæлттæ  сыххæст кæнын, сæ нымæцы  фидтонон уæлбар, уæззау   зианбавзарæг  туризмы индустрийæн,  экономикæйы баахъаз кæнынæн,  капиталы инвестицитæ  æмæ финанстæм рæувадат  бацæуæн  микро,  лыстæг  æмæ астæуккаг  амалиуæгадтæн æмæ  хицæн  уæнгтæн.  Ацы  къахдзæфтæ  Гуырдзыстонæн  баххуыс уыдзысты ресурстæй эффективонæй   пайдакæнынады  æмæ  бындур нывæрдзысты  цырд темпæй  экономикæйы  рандидзыны  процессæн.

2020 азы  18 марты  Азийы  Рæзынады Банкъ, 6.5  миллирады онг  Аиш доллары  райдиан  æххуысы  рауæлдай кæныны тыххæй  райхъусын кодта, «Ковид 19»-ы  пандемийы  дзуапæн  йæ  уæнг  рæзгæ  бæстæтæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн,  фыццагон хъæуындзинæдтæн. ADB  цæттæ у, куыд бахъæудзæн уымæ гæсгæ  уæлæмас  финансон  æмæ консультацион  æххуыс  сифтонг кæнын.