Азербайджан æмæ Сомихыстон 16 ноябры быцæудзинады фæстиуæгæн фæмардуæвджыты æмæ цæфты фæдыл информаци хъусын кæнынц
Азербайджаны хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй, Сомихыстонимæ арæнгæрон æрцæугæ гарзджын быцæудзинады фæстиуæгæн фæхъуыди авд азербайджайнаг æфсæддон, дæс та фæцæф сты, Азербайджаны хъахъхъæнынады уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй арæныл уавæр ацы тæккæ стабилон у.
Сомихыстоны информацийæ, дыууæфарсон æхсты фæстиуæгæн амард иу сомихаг æфсæддон 13 та амынæты бахаудысты. Ноджы 24 æфсæддон нымад цæуынц æвæндаг æрбайсæфтуæвджытыл.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмйæ Азербайджан æмæ Сомихыстоны арæныл быцæудзинæдтæ 16 ноябры райдыдта. Ацы фоныл азербайджайнаг æмæ сомихаг коллегæтимæ телефонæй фæныхас кодта Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр.
Фарсытæм ныттынггонд уавæр ифтыгъд суадзынмæ æрсидтысты Евроцæдис æмæ OSCE. Фæстæдæр фарсытæ æхст баурæдтой.