Австрали бæстæйæ дыууæ уырыссаг дипломат рарвыста

Английы горæт Солсбериайы Сергей Скрипалы фæхъæстæйы фæдыл Австрали бæстæйæ дыууæ уырыссаг дипломат рарвыста. Уый фæдыл Австралийы премьер-минитсры веб-фарсыл рапарахатгонд раисдæны ис фыст.

«Стыр Британийы æмæ æндæр парнер бæстæтиммæ иумæ  Австрали Солсберийы Солсбериайы Сергей Скрипалы фæхъæстæйы фæдыл Австрали бæстæйæ дыууæ уырыссаг дипломат рарвыста» -ис фыст премьер-минитсры раисдæны.

Фæстаг æрбадæттæгтæм æгæсгæ, уырыссаг дипломатты 23 бæстæйæ рарвитдзысты, æнæхъæнæй та дипломатты нымæц ацы рæстæгмæ 136 у.

Уырыссаг дипломатты  феддæдуар кæндзæн  АИШ-æ, Канадæ, Украинæ, Албани  æмæ Евроцæдисы  15 уæнг  паддзахад. Фыдыбæстæмæ  æрыздæхын бахъæудзæн  100-йæ  фылдæр уырыссаг дипломатæн.

Алкæмæй  фылдæр  дипломаты   ратардзæн АИШ-æ.   Америкæ ныууадзын тыхбын бауыдзысты  Уæрæсейы  дипломативон  миссийы  60  кусæгы. Дональд Трампы  администрацийы  хъусын кæнынц, цæмæй  Вашингтон   цæттæ у,   хъæугæ  цауы,  уæлæмхас  къахдзæфтæ  сараза.  Паддзахадон департаменты  фидиуæнæй,   АИШ-æ  уырыссаг дипломатты  ратарыны  скуыддзаг  НАТО-аг æмцæдисонтимæ æмæ    партнертимæ  координиргондæй  райста Стыр Британийы  территорийыл   Уæрæсейы  æрдгæй,   æфсæддон   типы  химикъон  хæцæнгарзæй  спайдайы дзуаппæн.

Уымæй уæлдай ма  АИШ-æ Сиэтлы æрыхгæндзæн Уæрæсейы    генералон консулад.Цыппар Уырыссаг диплоаты  расурдзæн Канадæ. «сæ  цыппардæр  идентифиуциргонд сты  куыд бæрæгдзау  куысты   минæвæрттæ æмæ    уæнгтæ, æцытæ   дипломативон   статусæй  пайда кодтой  Канадæйы  æдадсзинады   ныхмæ кæнæ нæ  демократимæ хифæкæнынæн»м- райхъусын кодта  Канадæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Кристина  Фриланд.

Германи æмæ Франц, раддæдуар кæндзысты фæйнæ  цыппар уырыссаг дипломаты.