Августы хæсты 12 азы сæры фæдыл, ИНО-йы æдасдзинады советы уæнг бæстæтæ, Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæнтæ аразынц
Августы хæсты 12 азы сæрмæ гæсгæ, ИНО-йы æдасдзинады советы уæнг бæстæтæ, Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæн аразынц.
ИНО-йы æдасдзинады советы æхгæд Рабадты фæстæ, Гуырдзыстоны тыххæй Бельгийы, Эстонийы, Францы, Германийы, АИШ-ы, Иугонд Паддзахады, Норвеги æмæ Ирландийы иумæйаг фидиуæн ахæлиу ис, кæцыйы фæстæ, социалон хызагы, фæнысангонд аст бæстæйы минæвæртты æрдгæй Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæнтæ фæзынд.
«Германи æххæстæй йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны хæдбарадæн, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Минæвар Саутер æрсидтис Уæрæсемæ, конструктивонæй баиу уа Женевæйы æхсæнадæмон дискусиитæм æмæ сæххæст кæна 6 пунктджын пълан. Ныридæгæн рагæй афон у, Уæрæсе 2008 азы æхсты фæурæды бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ систæ, уыдон сæххæст кæна. Йæ гарзджын тыхтæ хъуамæ ракæна Гуырдзыстоны территорийæ», – кæсæм ИНО-йы Германийы официалон минæвары фидиуæны.
«Ацы къуырийы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликт райдаынæй 12 азы æххæст кæны. Бельги, Эстони, Франц, Германи, АИШ, Иугонд Паддзахад, Норвеги, Ирланди маст кæнæм уыцы чысыл прогрессы тыххæй, кæцы конфликты аскуыддзагы æрдæм ис æмæ бæлвырд кæнæм нæ фарс хæцын Гуырдзыстоны хæдбарад, суверенитет æмæ территорион æнæхъæдзинады æрдæм», – дзырдæуы ИНО-йы Францы минæвары фидиуæны.
«Мах фæстæмæ хъæддых йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны, конфликт сабырæй аскуыддзагы хъуыддагæн æмæ курæг стæм алы фарсмæ дæр, фæдывæр кæнæнт тыхархайд Женевæйы æхсæнадæмон дсикусситы», – фыссы Иугонд Паддзахады минæварад.
«Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн конфликтæй 12 азы сæрыл иумæйаг фидиуæны ИНО-йы æдасдзинады советы аст архайæг æмæ дыууæ ног уæнгæй, хъæддых йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны хæдбарад, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, йæ æхсæнадæмон нымад арæнты», – кæсæм ИНО-йы Бельгийы минæварады фидиуæны.
«Ацы къуырийы Уæрæсейы Гуырдзыстонмæ лæбурдæй, 12 азы æххæст кæны. Ноджы иу хатт курæг стæм Уæрæсейæ кæронмæ сыххæст кæна 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры бадзырдтæй йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон», – кæсæм ИНО-йы Эстонийы минæварады фидиуæны.
Уымæй уæлдай ма, ахæлиу ис ИНО-йы Эстонийы иугæндзонархайæг минæвары хæдивæгы, Герт Ауварты фидиуæн дæр:» Фæстаг периоды, Гуырдзыстоны ныхмæ рæзгæ провокацион архæйдтæ уынæм. Уымæй та уавæр æнæхъæнæй регионы тæссонд кæны. Уый тыххæй дæр сидын Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ райдайæт æхсты глобалонæй фæурæды фæдыл ИНО-йы генералон нымæрдары æрсидты имплементаци æмæ скад кæнæт æхсæнадæмон барады нормæтæн», – дзырдæуы фидиуæны.
Бакой уын кæндзыстæм, 5 августы ацæугæ ИНО-йы æдасдзинады советы æхгæд рабадтыл, 2008 азы августы хæсты фæстæ Гуырдзыстоны цы уавæр сырæзт уый фæдыл фæуынаффæ кодтой. Советы уæнгтæ байхъусытой ИНО-йы генералон нымæрдары æххуысгæнæджы, Мирослав Йенчайы раныхасмæ. Фембæлд виртуалон форматы ацыд, кæцыйыл уыдысты Белгийы, Эстонийы, Францы æмæ Германийы , афтæма АИШ-ы æмæ Иугонд Паддзахады минæвæрттæ, афтæма уыдысты ног уæнгты Норвегийы æмæ Ирландийы минæвæрттæ.