ИНО-йы  æдасдзинады  советы уæнг аст бæстæ, Гуырдзыстоны тыххæй   иуæймаг фидиуæн    аразынц
ИНО-йы æдасдзинады советы уæнг аст бæстæ, Гуырдзыстоны тыххæй иуæймаг фидиуæн аразынц

ИНО-йы æдасдзинады  советы  æхгæд рабадтыл  2008 азы  августы хæсты фæстæ  Гуырдзыстоны  цы уавæр  сырæзт,  уый фæдыл  фæуынаффæ кодтой.  Советы  уæнгтæ   байхъуыстой  ИНО-йы    генералон нымæрдары  æххуысгæнæджы, Мирослав Йенчайы  раныхасмæ.  Фембæлд виртуалон   форматы ацыд,  кæцыйыл  уыдысты  Белгийы, Эстонийы, Францы  æмæ  Германийы, афтæма АИШ-ы   æмæ Иугонд  Паддзахады  минæвæрттæ, афтæма  уыдысты ног уæнгты  Норвегийы  æмæ Ирландийы  минæвæрттæ.

Рабадты  фæстæ, Гуырдзыстоны тыххæй  Бельгийы,  Эстонийы, Францы, Германийы, АИШ-ы, Иугонд Паддзахады, Норвеги æмæ Ирландийы  иумæйаг  фидиуæн  ахæлиу ис.

«Хъæддых æнцой дарæм  Гуырдзыстоны  хæдбарад, суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй  нымад  арæнты.  Уæрæсейы  гарзджын тыхты  дæргъвæтин уæвын  Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны,  афтæма, Уæрæсейы  æрдгæй ацы регионты   а.х. суверенитеты банымад,  халы  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ йæ бын къахы  Гуырдзыстоны  суверенитетæн, афтæ куыд   æхсæнадæмон уагæвæрды   нормæтæн.  Уый ма  ноджы  фылдæр хицæнтæ кæны  дзыллæ  æмæ  тасы  бын  æппары  æнæнизхъахъхъæд æмæ конфликтæй  зианбавзарæг  цæрджыты.

Тынг  мæстыгæнæг у а.х.  бордеризацийы   процессы  интенсификаци фæстаг азы дæргъы,  уый нымæцы   «Ковид-19»-ы  глобалон  пандемийы рæстæджы.  Ацы æнæ уый дæр  уæззау  афоны,   де факто  хицауадтæ  эффективон æххæст кæнынц  арæйнон контроль Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  регионты  æмæ  дарддæр кæнынц  хивæнд  æрцахстытæ  администрацийы  хаххы дæргъмæ», – банысангонд у иумæйаг  фидиуæны.

Афтæма  фидиуæны  банысангонд у, цæмæй  де-факто  «Хуссар Ирыстоны»  хицауад   не сразы вæййы   медицинон  эвакуацийыл  æмæ гуманитарон æххуысыл.

Фидиуæны  банысангонд у, цæмæй  дæргъвæтин конфликт  тас хæссы   сабырдзинад æмæ стабилондзинадæн,   хъыг дары  адæймаджы барты  хъахъхъæд æмæ   фундаменталон  сæрибары  сæххæст æмæ  тынг æппæрцаг æндавы  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æнæнизхъахъхъæд æмæ æдасдзинадмæ, цæмæй дæр   дестабилизаци кæны   æнæхъæнæй регион.