Арчил Талакъвадзе -  Искæй бизнесмæ кæй кастыстут, уый тыххæй  уæ ауагътой  адæм хæдзармæ
Арчил Талакъвадзе - Искæй бизнесмæ кæй кастыстут, уый тыххæй уæ ауагътой адæм хæдзармæ

Уæ цæст æндæрты бизнесыл кæй дардтат, уый тыххæй уæ ауагътой адæм хæдзармæ  æмæ  ерын уæддæр  куы бамбариккат, цæмæй искæй  бизнесмæ лыстæг  кæсын у уыцы приницпты  æфхæрд,  кæцытæ демократийы  æмæ   нырыккон  паддзахадæн  сты хъæугæ –  уый фæдыл  парламентон   фылдæрты   лидер,  Арчил Талаквадзе  парламенты  пленарон   рабадтыл  дзырдæй  ралæуды рæстæджы  загъта.

Арчил Талаквадзе  2018 азы  бюджеты   проекты фæдыл фæныхас кодта  æмæ   банысан кодта, цæмæй бюджет у  рæзгæ,  балансгонд, йæ хъуыды дары   реалондзинад æмæ  уыцы æнтыстытæ,  кæцы нæ бæстæйæн ис.

Парламетон фылдæрты  лидер  оппозицийы  минæвæртты фидиуæнтæн ратта дзуапп.

«Фæнды мæ  фæныхас кæнон  уыцы политикъон аргълæвæрдты фæдыл,   кæцытæ  нæ оппоненттæ арызтой.  Мæнмæ гæсгæ,  сымах кæнæ  нымæцы нысæнтты ксын хъом не стут,  кæнæ та  иу ахуыр   мессидж рахастат  Тбилисæй  æмæ æрмæст уый  дзурут  ам  æнæнцайгæйæ.   Бæлвырдæй  зæгъта финансты министр, цæмæй  админстративон хардзтæ   къаддæр кæнынц. Ацы азы нын бантыстис серьозон экономий, ацы æрдæм   фæстауæрц  у 100  милуан ларийæ  фылдæр æмæ фидæн азмæ та    ис  амбици, цæмæй  администрацион   хардзтæ ноджы фылдæр фæкъаддæр кæнæм. Раст ай у уыцы  цæстæй нæфенгæ бюрокартий, кæцыйы   кой кодтат сымах, уымæн æмæ уæ  хицаудзинады рæстæджы,  æрымысæн кæмæн нæй  афтæ уыд, афæдзæй  афæдзмæ   уæхæдæг фæкъаддæр кодтаиккой  ахæм масштабæй  администрацион хардзтæ» –   расидтис Талаквадзе.

«Мах  хæсджын стæм   цæрджытæн зæгъæм   цæуыл бахардз уыдзæн  бюджет.  Нысаниуæгджын  уыдзæн  фидæн азы  инвестицитæ æмæ  регионалон  æмæ  муниципалон   инфраструктурæйы  фæхуыздæрйы  æрдгæй рæзт.  Уæлæмхас суммæтæ  бахардз уыдзысты   доны инфраструктур  фæхуыздæр кæнынæн æмæ алы мажоритар  дæр  зоны,  цæмæй  доны инфраструктурæ    регионты у сегасæй ахсджиаг  рард.  Ацы  бюджет  бахъæудзæн  æнæаргъ   медикаментты  программæйæн æмæ   хроникон   низтæй рынчын  пациенттæн  2018 азы    паддзахадон финансдзинадæн.  Ацы  райрæзгæ бюджет   бахардз уыдзæн   социалон программæтыл, сæ  уæлæмхас  финансдзинадыл,  бахъæудзæн   туристон   инфраструктурæйы    рапарахатæн,  энергетикон проектытæн,  æмæ сегасæй   нысаниуæгджын   цы у   – фидæн азы  бюджеты  фæфылдæр сты   газификацийæн хъæугæ  суммæтæ.

 

Ныр   нысаниуæгджын  у  зæгъæм  уыцы сæйраг принцип,  кæцытыл æнцой кодта  нæ  бал –  адон сты  инфраструктурæ,  æнæнизхъахъъæд  æмæ  ахуырад.  Цы иу кæны   ацы æртæ   къабазы  кæрæдзиимæ? – се ртæ  дæр   баст  сты  цæрджыты  дзæбæхдзинадимæ  æмæ   ног куыстбынæттимæ.  Ай  у  экономикæ  æмæ  дзæбхдзинад,  кæцы уыд  нæ  политикъон балы сæйраг ныфсæвæрд.

 

Туризмы  æвдисæг райрæзт,   7 милуан адæймаг æрцыд Гуырдзыстонмæ,  2.8 миллиард у æфтиаг  кæцыйы  райста бæстæ.    Кæд 7 милуан  адæймаг æрбахызт Гуырдзыстонмæ,  кæд алчи дæр разы стæм ацы   нымæцимæ,    уæд ма уæ? цы нæ уадзы æмæ цæмæн  дзурут   цæвиттон бæстæйы алцы  фæстæмæ-фæстæмæ  кæны» –  расидтис Арчил Талакъвадзе.