Арчил Талакъвадзе - Искæй бизнесмæ кæй кастыстут, уый тыххæй уæ ауагътой адæм хæдзармæ
Уæ цæст æндæрты бизнесыл кæй дардтат, уый тыххæй уæ ауагътой адæм хæдзармæ æмæ ерын уæддæр куы бамбариккат, цæмæй искæй бизнесмæ лыстæг кæсын у уыцы приницпты æфхæрд, кæцытæ демократийы æмæ нырыккон паддзахадæн сты хъæугæ – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер, Арчил Талаквадзе парламенты пленарон рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.
Арчил Талаквадзе 2018 азы бюджеты проекты фæдыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй бюджет у рæзгæ, балансгонд, йæ хъуыды дары реалондзинад æмæ уыцы æнтыстытæ, кæцы нæ бæстæйæн ис.
Парламетон фылдæрты лидер оппозицийы минæвæртты фидиуæнтæн ратта дзуапп.
«Фæнды мæ фæныхас кæнон уыцы политикъон аргълæвæрдты фæдыл, кæцытæ нæ оппоненттæ арызтой. Мæнмæ гæсгæ, сымах кæнæ нымæцы нысæнтты ксын хъом не стут, кæнæ та иу ахуыр мессидж рахастат Тбилисæй æмæ æрмæст уый дзурут ам æнæнцайгæйæ. Бæлвырдæй зæгъта финансты министр, цæмæй админстративон хардзтæ къаддæр кæнынц. Ацы азы нын бантыстис серьозон экономий, ацы æрдæм фæстауæрц у 100 милуан ларийæ фылдæр æмæ фидæн азмæ та ис амбици, цæмæй администрацион хардзтæ ноджы фылдæр фæкъаддæр кæнæм. Раст ай у уыцы цæстæй нæфенгæ бюрокартий, кæцыйы кой кодтат сымах, уымæн æмæ уæ хицаудзинады рæстæджы, æрымысæн кæмæн нæй афтæ уыд, афæдзæй афæдзмæ уæхæдæг фæкъаддæр кодтаиккой ахæм масштабæй администрацион хардзтæ» – расидтис Талаквадзе.
«Мах хæсджын стæм цæрджытæн зæгъæм цæуыл бахардз уыдзæн бюджет. Нысаниуæгджын уыдзæн фидæн азы инвестицитæ æмæ регионалон æмæ муниципалон инфраструктурæйы фæхуыздæрйы æрдгæй рæзт. Уæлæмхас суммæтæ бахардз уыдзысты доны инфраструктур фæхуыздæр кæнынæн æмæ алы мажоритар дæр зоны, цæмæй доны инфраструктурæ регионты у сегасæй ахсджиаг рард. Ацы бюджет бахъæудзæн æнæаргъ медикаментты программæйæн æмæ хроникон низтæй рынчын пациенттæн 2018 азы паддзахадон финансдзинадæн. Ацы райрæзгæ бюджет бахардз уыдзæн социалон программæтыл, сæ уæлæмхас финансдзинадыл, бахъæудзæн туристон инфраструктурæйы рапарахатæн, энергетикон проектытæн, æмæ сегасæй нысаниуæгджын цы у – фидæн азы бюджеты фæфылдæр сты газификацийæн хъæугæ суммæтæ.
Ныр нысаниуæгджын у зæгъæм уыцы сæйраг принцип, кæцытыл æнцой кодта нæ бал – адон сты инфраструктурæ, æнæнизхъахъъæд æмæ ахуырад. Цы иу кæны ацы æртæ къабазы кæрæдзиимæ? – се ртæ дæр баст сты цæрджыты дзæбæхдзинадимæ æмæ ног куыстбынæттимæ. Ай у экономикæ æмæ дзæбхдзинад, кæцы уыд нæ политикъон балы сæйраг ныфсæвæрд.
Туризмы æвдисæг райрæзт, 7 милуан адæймаг æрцыд Гуырдзыстонмæ, 2.8 миллиард у æфтиаг кæцыйы райста бæстæ. Кæд 7 милуан адæймаг æрбахызт Гуырдзыстонмæ, кæд алчи дæр разы стæм ацы нымæцимæ, уæд ма уæ? цы нæ уадзы æмæ цæмæн дзурут цæвиттон бæстæйы алцы фæстæмæ-фæстæмæ кæны» – расидтис Арчил Талакъвадзе.