Арæзтадон куыстытыл æдасдзинады фæткæвæрд састы  тыххæй  ивар  30 мин   лари уыдзæн
Арæзтадон куыстытыл æдасдзинады фæткæвæрд састы тыххæй ивар 30 мин лари уыдзæн

Арæзтадон куыстытыл æдасдзинады фæткæвæрд састы  тыххæй  ивар  30 мин   лари уыдзæн, –   уый фæдыл    сæйраг сахары  мер  Каха Каладзе, журналисттæн   фехъусын кодта Ираклий Къобахидзщеимæ фембæлды фæстæ, кæцыйыл  арæзтады   фарсты фæдыл фæныхас кодтой.

Каха Каладзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   арæзтады  æдасдзинадмæ гæсгæ,   нысаниуæгджын ивдтытæ  сæххæст уыдзæн.

«Фæнды мæ   бузныг зæгъон   парламентæн  æххуысы  тыххæй. Ивдтæтæ  кæцыты  сæххæст кæнын хъавæм,   нысаниуæгджын сты  æдасдзинады цæстæнгасæй.  Сæйраг сахары   бирæ арæзтад   цæуы  æмæ махæн  уым куусæг адæмы æдадсзинад   у иттæг нысаниуæгджын. Конкретонæй ивындзинæдтæм гæсгæ та,  кæд абон исты  фæткæвæрдсаст фæбæрæг  фыццаг  этиапыл,   уыдон исынц æрмæстдæр дзырдæй  фæдзæхст,  фæлхатт цауы   фæивар вæййынц 3000  ларийæ æмæ   æмæ ацы ивар, алы радон  фæткæвæрдсасты цауы  рæзы.  Цæттæ ивдтытæ гæсгæ та,    фыццаг  цауыл  ивар уыдзæн 30  мин   лари.   Конкретон  цаутыл,   цы ран дæнцæн  цыдис арæзтад æмæ  фæтксасты  тыххæй,   арæзтад сын урæд  уыдис, фæлæ    æнæкæсгæ  урæдмæ, конкретон инвестор компани дарддæр кæны куыст  уый  фæивар уыдзæн 50 мин ларийæ»-  банысан кодта Каха Каладзе.

 

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  æнæзакъонон арæзтадты,  кæдл территори, кæнæ   зæхх  у  паддзахады  сæрмæмулкъ  у  æмæ йыл цæуы æнæзакъонон арæзтад,  ивар уыдзæн 25 мин лари,   хицæн  сæрмæмулкъы  цауы та   20 мин лари.

Фембæлды фæстæ  парламенты  сæрдар  Ираклйи Къобахидзе   куыд  расидтис, афтæмæй,   арæзтадон   куыстыты  рæстæджы, куысты   æдадсзинадыл  ног  закъондæттæн  регуляцитæ æрцæттæ уыдзæн,   кæцы парламенты  инициргонд  «продукты æдасдзинады  кодексмæ» æрцæудзæн æфтыд.