8-9 апрелы, Куадзæны бæрæгбонмæ гæсгæ, æхсæнадон уагæвæрды хъахъхъæды, транспорты æенæкъуылымпыйæ æмæ æдас змæлды срæвдз кæнын нысанæй, Тбилисы уæвæг уæлмæрдтæм фæндæгтыл бæрæг арæнвæрæдтæ снысан сты – уый фæдыл информацийы мидхъуыддæгты министрады патрулон полицийы департамент парахат кæны.
«Сабурталойы, Къукъиайы, Мухатгвердийы æмæ Тбилисы Денджызы уæлмæрдты æрдæм, автомобильтæ ахæм маршрутæйч змæлдзысты: Сабурталойы уæлмæрдмæ бацæуæн уыдзæн Важа Пшавелайы проспектæй Сандро Эулийы уынгы æмæ университеты уылты. Уæлмæрды территорийæ та автомобильтæ рацæудзысьы Университеты уынгы, Тамарашвилийы уынгы æрдæм цæугæйæ.
Къукъиайы уæлмæрдтæм бацæуæн уыдзæн Читаиайы фæзæй, Нориойы хæрды æмæ Мамардашвилйиы уынгы уылты. Уæлмæрдты территорийæ рацæуæн уыдзæн Цаишы, Квалонийы, Абашидзейы æмæ 9 æфсымæры уынгты уылты.
Мухатгвердийы уæлмæрды æрдæм автомобильтыл бацæуæн уыдзæн Давит Агъмашенебелийы аллейы, Парнаваз Мепейы проспекты уылты.
Тбилисы Денджызы уæлмæрдты æрдæм автомобильтæн змæлды бар уыдзæн Худадовы æмæ Анапийы Дивизийы уынгты, АфтæдæрТемкайы æрдгæй. Уæлмæрдæй рацæуæн уыдзæн Мухраны, Бежанишвилийы æмæ Худадовы уынгты уылты.
Æхсæнадон транспорт дæр уæлмæрдты æрдæм змæлдзæн ахæм маршрутæй» – банысангонд у, МХМ-ы хъусинаджы.