Аппеляцион тæрхондон 5 июлы хъуыддагыл тæрхонмæ лæвæрд æхсæз уæнгы зылынджынтыл банымадта, фæлæ тыхмидзинады организацидзинады эпизоды сæ æнаххостыл банымадта æмæ сын æфхæрд фæкъаддæр кодта
Журналистты æмæ операторты ныхмæ физикон тыхдзинады тыххæй тæрхонмæ лæвæрдты, азылынджынтыл банымадта аппеляцион тæрхондон дæр, фæлæ тыхмидзинад организацийы алкæй дæр æнаххостыл банымадта æмæ сын æфхæрды æмгъуыдтæ фæкъаддæр кодта. Хъуыддаг æххæссы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвили æмæ цалдæр медиафæрæзы минæвæртты хъуыддагыл ноджы цалдæр эпизодмæ.
Фæнысангонд уынаффæйæ, тæрхонгæнæг Майя Тетраули 5 июлы хъуыддагыл фыццаг инстанцийы тæрхонгæнæджы уынафæ хайгай фæивдта æмæ тæрхонмæ лæвæрдтæ æфхæрд дæр фæкъаддæр кодта. Сæрмагондæй та, тæрхонгæнæг тæрхомæ лæвæрдты тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийæ, кæцы тыхмидзинады организацидзинад дары йæ хъуыдыйы сраст кодта, фæлæ тугтæрхоны барады кодексы 126-æм , тыхдзинады статийæ сæ зылынджынтыл банымадта.
Уымæ æмбæлгæйæ, Акаки Накъашидзейæн, Торникэ Давлашеридзейæн, Давит Къуталадзейæн, Отар Гелашвилийæн, Цотне Чихладзейæн æмæ Гиа Гигуашвилийæн фæйнæ цыппар азæй ахст стæрхон кодта.
Хъуыддаджы прокуррор Тамар Иакобидзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, зылынгæнæг фарс фæнысангонд уынаффæимæ разы нæу æмæ йыл Сæйраг Тæрхондоны бахъаст кæндзæн.
Зылынгæнæг фарсы куыд хъусын кæны афтæмæй, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилийы хъуыддагыл фыццаг инстанцийы уынаффæйыл хъаст кодтой, фæлæ хъуыддаджы экспертизæйы хатдзæг ацы рæстæгмæ нæу бавдыст, цæй тыххæй дæр горæты тæрхондоны уынаффæ æнæивгæйæ баззад.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмй Тбилисы горæты тæрхондон Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилийы эпизодыл, зылынмæ лæвæрд Цотне Чихладзейæн, 117-æ статийы ( æнæниздзинад барæй уæззау базиан кæнын) кваификаци равидта 126-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары тыхмидзинад. Ивгъуыд азы 4 апрелы Цотне Чихладзейæн фыццаг инстанцийы тæрхондон фондз азы æмгъуыдмæ ахст стæрхон кодта.