Анджей Дуда – Украинайы  хъайтарон ныхмæлæуд  куы нæ уыдаит, уæд Польшæ æмæ Балтийгæрон бæстæтæ тасы раз лæууыдаиккой
Анджей Дуда – Украинайы хъайтарон ныхмæлæуд куы нæ уыдаит, уæд Польшæ æмæ Балтийгæрон бæстæтæ тасы раз лæууыдаиккой

Украинайы   хъайтарон   ныхмæлæуд куы нæ  уыдаит, уæд Польшæ æмæ Балтигæрон  бæстæтæ  тасы раз   лæууыдаиккой, –  уый фæдыл  Польшæйы  преиздент, Анджей Дуда   райхъусын кодта.

Польшæйы  президенты  дзырдæй,  Украина ацытæккæ  хъахъхъæны,  куыд Польшæйы, афтæ  Германийы дæр, Уæрæсе та  тæссаг у æппæт Европæйæн.

Дудайы фидиуæнæй,   стыр Уæрæсейы фæдыл   идеятæ  æндæр адæмты  сæ дæлбар бакæнын  нысан кæнынц æмæ уый  нæу  æрмæст Уæрæсейы  президенты  идеятæ, афтæ  хъуыды  кæны  Уæрæсейы  æхсæнады  нысаниуæгджын хай.

«Украинайы  фæрцы, ацы тас  ныр  контролы бын ис, фæлæ  хъуыды кæнын, фидæны,  хъыгагæн,  ацы тас актуалон  кæны.  Иунæг, цы нæ бон у  саразын, у  сæрмагонд æдасдзинад  стынг кæнын. Украина нын æвдисы, цæмæй,  цы  гæнæн ис,  саразын  дзæбæх хæцæнгарзæй», –  загъта Анджей Дуда.