Андрей Ермак – æмæнкъард гуырдзиаг æфсымæртæн, бузныг алы хæстонæн, чидæриддæр махимæ иумæ хæцынц, æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм æмæ басæттæм знаджы, кæцы нын у иу
Тæфæрфæс кæнын гуырдзиаг æфсымæртæн, бузныг сын алы хæцджытæн, чидæриддæр махимæ иумæ тох кæны æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм æмæ басæттæм не знагы, кæцы нын нæ дыууæнæ дæр иу у – фыссы Украинайы президенты офисы къухдариуæггæнæг Андрей Ермак «телеграммы». Ермак пост публикаци кæны гуырдзиаг æмæ украинаг æвзæгтыл.
Ермак фыссы цæмæй бахмуты цур фæстаг бонты знаг æрхъула кодта украинаг æмæ 57-æм бригадæйы гуырдзиаг хæцджыты.
«Бахмут – стратегион горæты хъахъхъæнынад дарддæр кæны! карз тох цæуы алыбон. Æхсты гуыпп хъуысы æнæруромгæйæ, алыварс талынг, цæвиттон фрагмент фыццаг дунеон хæстæй. Алыварс знаджы мардыбуæрттæ, уыдон нæдæр архайынц хæсты быдырæй сæ мæрдта аласын, сæдæгай уагъд знаджы мард æнæцытæй…. нæ хæстонтæ хæцынц сæруæлдайæ!
Хъыгагæн, сафæм нæ хæлæртты. Бахмуты цур фæстаг бонты знаг æрхъула кодта нæ украинаг æмæ 57-æм бригадæйы гуырдзиаг хæцджыты. Бæрæг у цæф гуырдзиаг сæрдары æмæ фондз фæмардуæвæгы гуырдзиаг æфсæддоны тыххæй. Уыдон тох кодтой, сабырдзиадæн, сæрибардзинадæн. Сæрибардзинад иу кæны сегасдæр хуыздæр адæймæгты автократон фыдбылызимæ тохы! Æцæгдæр æмæнкъард сидын нæ гуырдзиаг æфсымæртæн! Афтæдæр бузныг алы хæстонæн, чидæриддæр махимæ иумæ хæцы! Æнæмсæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм сæрибардзинадæн Украинайы æмæ Гуырдзыстоны æмæ басæттæм знаджы. Зныг нын алкæмæн у иу! Бахмут – Титанты горæт!» – фыссы Андрей Ермак социалон хызаджы.
Украиайы ноджы фондз гуырдзиаг хæстон амард. Авто Руруа, Ромео Кварацхелиа, Ромео Пичхаиа, Мераб Аладашвили æмæ Бадри Маркелиа, уырыссаг оккупацион тыхты ныхмæ Бахмуты хæцыдысты. Украинайы Гуырдзыстоны минæварад хъусынк æны, цæмæй æмбæлгæ куыстытимæ контактыл сты, фæлæ интенсивон хæсты тыххæй, территорийæ мæрдты раласын нырма не нтысы.
24 февралæй абоны онг, Украинайы Уæрæсйы хæсты амæттаг ссис 33 гуырдзиаг хæстон.