Аналена Бербок хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы бавдыст домæнтæй æхст фæурæд, Украинæгтæн уавæр нæ фæхуыздæр кæндзæн
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны,ц æмæй Уæрæсейы бавдыст домæнтæй, рæстæгмæ æхсты фæурæд, Украинæгтæн уавæр нæ фæхуыздæр кæндзæн. Немыцаг медиайы информацийæ, Аналена Бердок æнхъæл нæу, ома Украинайы хæст тагъд фæуыдзæн.
Бербокы дзырдæй, сегасæй уæззаудæр уавæры Уæрæсейы æфсæдды оккупацигонд территорийыл цæрæг украинæгтæ сты.
«Æрвылбойнонæй украинаг адæм уыцы тасæй цæрынц, ома гæнæн ис æмæ сæ аскъæфой, хъизæмарæй марой кæнæ та сæ ныццæгъдой Уæрæсейы оккупацион тыхтæ» – райхъусын крдта Бербок.
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй, Украинайы ныхмæ хæсты Путин фембылд ис æмæ йæ куы æрфæнда уæд хæст фæуыдзæн.
Бакой уын кæндзыстæм, Германийы канцлер Олаф Шольц загхта,ц æмæй Украинайы хæсты кæрон скæнынæн æнæмæнгхъæугæ сты бадзырдтæ, фæлæ уæдмæ Путин хъуамæ ракæна йæ æфсæддæ Украинайæ фæстæмæ.