Аналена Бербок хъусын кæны, цæмæй  Уæрæсейы бавдыст домæнтæй æхст фæурæд, Украинæгтæн уавæр нæ фæхуыздæр кæндзæн
Аналена Бербок хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы бавдыст домæнтæй æхст фæурæд, Украинæгтæн уавæр нæ фæхуыздæр кæндзæн

Германийы фæсарæн  хъуыддæгты министр хъусын кæны,ц æмæй  Уæрæсейы бавдыст домæнтæй, рæстæгмæ  æхсты фæурæд, Украинæгтæн уавæр нæ фæхуыздæр кæндзæн.  Немыцаг  медиайы  информацийæ, Аналена Бердок æнхъæл нæу, ома  Украинайы  хæст тагъд фæуыдзæн.

Бербокы  дзырдæй,  сегасæй  уæззаудæр уавæры  Уæрæсейы æфсæдды  оккупацигонд территорийыл  цæрæг украинæгтæ сты.

«Æрвылбойнонæй  украинаг   адæм уыцы тасæй  цæрынц, ома гæнæн ис  æмæ сæ аскъæфой,  хъизæмарæй  марой кæнæ та  сæ ныццæгъдой  Уæрæсейы оккупацион тыхтæ» –  райхъусын крдта Бербок.

Германийы фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй,   Украинайы  ныхмæ  хæсты  Путин фембылд ис  æмæ йæ  куы æрфæнда  уæд хæст фæуыдзæн.

Бакой уын кæндзыстæм, Германийы  канцлер  Олаф Шольц  загхта,ц æмæй  Украинайы  хæсты  кæрон скæнынæн  æнæмæнгхъæугæ   сты бадзырдтæ, фæлæ  уæдмæ  Путин  хъуамæ ракæна йæ æфсæддæ  Украинайæ  фæстæмæ.