Гуырдзыстоны уæвæг АИШ-ы Конгрессы минæвæрттæ, визиты фæлгæтты хъæу Одзисы уыдысты, оккупацион хаххы бæрæгдзау.
Паддзахадон æдасдзинады куысты хистæры фыццаг хæдивæг Алекси Батъиашвили æмæ куысты минæвæрттæ конгрессментæ оккупациимæ баст уæвæг уавæр базонын кодтой.
Уыимæ иумæ, хъусдард здæхт æрцыд оккупацион хаххы дæргъмæ уагъд а.х. бордеризацийы процессы рдæм. Ныхас уыд афтæдæр, гуырдзиæгты этникон дискриминацийы æмæ бынæттон цæрджыты æнæзаконон æрцахстытыл.
Конгрессментæ фæныхас кодтой, оккупацион хаххмæ ныццæуыны æмæ бынатыл оккупацийы фæдыл информаци райсты нысаниуæгыл.
«Нысаниуæгджын у ардæм æрцыд æмæ Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сыххæст оккупацийы сæрмагонд цæстæй фенын. Ардæм визит у нысаниуæгджын къахдзæф АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæ рапарахат кæныны цæстæнгасæй. Райгонд дæн кæй нæ фæхуыдтад. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нысаниуæгджын у ардæм æрцыд æмæ уæвæг уавæры сæрмагонд цæстæй ценын. Иу у адæтты тыххæй информаци кæсын, æмæ бынтон æндæр у, æрцæуай æмæ дæхи цæстæй фенай, цахæм у оккупацион зона» – банысан кодта конгрессмен Брайан Стейл.
Уыимæ конгрессментæ Гуырдзыстон-АИШ-ы хæлардзинадыл æмæ АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенитеты фидар фарсхæцынмæ раздæхтой хъусдард.
«АИШ фидар йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитетæн æмæ гуырдзиæгты барæн, цæрой сæрмагонд бæстæйы. Тынг сæрыстыр стæм, Гуырдзыстоны, йæ хицауады æмæ демократийы хæлар бæстæ кæй стæм уымæй» – райхъусын кодта Конгрессы минæвар Кэрол Миллер.