Политикон платформæ «Æртыккаг Тыхы» минæвæрттæ фембæлдысты америкаг конгрессментимæ
Политикон платформæ «Æртыккаг Тыхы» минæвæрттæ фембæлдысты америкаг конгрессментимæ

Политикон платформæ  «Æртыккаг тыхы»  минæвæрттæ  фембæлдысты америкаг конгрессментимæ.

«Æртыккаг Тых –Стратегиа Агъмашенебелийы» лидер Гиорги Вашадзе  фембæлды фæстæ куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæйæ   зæгъгæ конгрессментимæ фæныхас кодтой   реформæтыл, кæцытæ Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ сты, æвзæрстытимæ баст фарстæтыл æмæ  поляризацигонд  уавæрыл.

Вашадзейы  дзырдæй,  конгрессментæн афтæдæр  базонын кодтой политикон  платформæйы бындурæвæрды идея.

«Фембæлдыстæм  америкаг  конгрессментимæ, фæныхас кодтам  уыцы уæззау уавæрыл, кæцы нæ бæстæйы ис, реформæтыл, кæцытæ  æнæмæнгхъæугæ  сты Гуырдзыстонæн, æвзæрстытыл, кæцы  у иттæг нысаниуæгджын  Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг  æвзæрстæн  æмæ  сегасдæр сæйраг уыцы  поляризацигонд уавæрыл, кæцы хъуамæ  фæуа. Афтæдæр  фæныхас кодтам «Æртыккаг Тыхы»  идеяйыл, кæцы  нысаниуæгджын  у, цæмæй   атонæм  ацы дыууæполюсон  хингонд зылд» –  банысан кодта Гиорги Вашадзе.