Америкаг  конгрессментæ  уыдысты  хъæу Одзисы
Америкаг конгрессментæ уыдысты хъæу Одзисы

Гуырдзыстоны  уæвæг  АИШ-ы  Конгрессы  минæвæрттæ,  визиты фæлгæтты  хъæу Одзисы уыдысты, оккупацион  хаххы бæрæгдзау.

Паддзахадон æдасдзинады куысты  хистæры фыццаг хæдивæг  Алекси  Батъиашвили  æмæ  куысты минæвæрттæ  конгрессментæ  оккупациимæ баст  уæвæг  уавæр базонын кодтой.

Уыимæ  иумæ, хъусдард здæхт æрцыд   оккупацион  хаххы  дæргъмæ  уагъд  а.х.  бордеризацийы  процессы рдæм.  Ныхас уыд  афтæдæр,   гуырдзиæгты  этникон  дискриминацийы  æмæ  бынæттон  цæрджыты æнæзаконон æрцахстытыл.

Конгрессментæ фæныхас кодтой, оккупацион хаххмæ ныццæуыны  æмæ бынатыл  оккупацийы фæдыл  информаци  райсты  нысаниуæгыл.

«Нысаниуæгджын у ардæм æрцыд æмæ   Уæрæсейы  æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ  сыххæст  оккупацийы сæрмагонд  цæстæй  фенын.   Ардæм  визит у  нысаниуæгджын къахдзæф  АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн  ахастытæ  рапарахат кæныны  цæстæнгасæй. Райгонд дæн  кæй нæ фæхуыдтад.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нысаниуæгджын  у ардæм æрцыд  æмæ уæвæг   уавæры  сæрмагонд цæстæй  ценын. Иу у адæтты  тыххæй  информаци кæсын, æмæ   бынтон æндæр у, æрцæуай æмæ дæхи цæстæй  фенай,  цахæм у  оккупацион зона» – банысан кодта  конгрессмен  Брайан  Стейл.

Уыимæ  конгрессментæ Гуырдзыстон-АИШ-ы  хæлардзинадыл  æмæ  АИШ-ы æрдгæй  Гуырдзыстоны суверенитеты фидар фарсхæцынмæ раздæхтой   хъусдард.

«АИШ фидар йæ фарс  хæцы Гуырдзыстоны  суверенитетæн æмæ   гуырдзиæгты барæн,  цæрой сæрмагонд бæстæйы. Тынг сæрыстыр стæм,  Гуырдзыстоны, йæ  хицауады æмæ  демократийы   хæлар бæстæ кæй  стæм уымæй» –   райхъусын кодта  Конгрессы  минæвар  Кэрол Миллер.