Америкæйы Иугонд Штатты фондзбонон фыдох расидтæуыд.
Президент алы паддзахадон уагдæтты æмæ фæсарæнты архайæг минæварадты бæстыхæйттыл, афтæдæр Америкаг наутыл, националон тырысатæ æрдæгæй бынмæ æруадзыны фæдыл барамындыл рафыста къух.
«Нæ наций уыдонимæ иумæ хъынцъым кæны, чидæриддæр Паркленды Марджор Стоунмен Дугласы скъолайы зынаргъ адæймагы фесæфта» – кæсæм Дональд Трампы бардзырды.
Астæуккаг скъоламæ лæбурд æртыццæджы сихорафон сæххæст. Ацы скъолайы раздры ахуыргæнинаг 19 аздзыд Николас Круз, сколайы территорийыл æхст райдыдта. Бырсты амæттаг ссис 17 адæймаг. Æндæр æмæ æндæр уæзы хцæфтæйы рынчындæттæм баластой 20-ы онг адæймагы. Се ртæйы уавæр критикон уæззау у. Бырсæгы полици сколайы территорийыл æрцахста.