Алидз, Николь! Алидз – Николь Пашинян Ереван – Тбилисы фæндагыл уæвæг Иджебанæй

Серж Саргсяны йæ постæй ацыды фæстæ, журналисттимæ фыццаг пресс-конференцийыл, традиционæй æфсæдтон дарæсы, сау худ æмæ хызынимæ бацыд. Худыл сомихаг æвзагыл фыст «Тохмæ здæхт» фарсылхæцджытæм сиды.

Хызын уый никуы рох кæны. Боны мидæг цалдæр акци аразы æмæ фарсылхæцджытимæ иумæ сæдæгай километр фистæгæй цæуы. Сиды, цæмæй фæндагыл уый фарсылхæцджыты æмбырд кæны.  «Цæугæ митинг» афтæ хоны уый меди.

Нельсон Манделла у Пашиняны фаворит политик.

Николь Пашинян дыууæ къуырийы размæ чысыл нымæцон опозицион фракцийы иуæй иу хуымæтæг уæнг уыд. «Республикаг парти» Сомихы парламенты фылдæры хай уыд æмæ æндæр партийы фарсылхæцындзинадæй дæр пайда кодта. Серж Саргсяны йæ постæй ацыд ничи æнхъæлмæ каст, фæлæ абон уый реалондзинад у.

Фракци «Елкма» Николь Пашинян премьеры постмæ уый бавдыстой. Сомихы «Хъæдабæ революци» уæнг азты дæргъы барикадæтыл лæууы. Уымæн 12 аз бахъуыд опозицион лидерæй суæвынæй.

Пашинян Ереван -Тбилисы фæндагыл уæвæг горæт Оджеваны у гуырд. Професийæ журналист у, фæлæ уымæ нæй уæллаг ахуырад. Цыппæрæм курсыл уый политикон куысты аххосагæй университетæй рауагътой. 1993 азæй Пашинян æндæр æмæ æндæр газетты кореспондентæй куыста. 1999 азы Пашинян газет парламентары фæдыл æнæраст информацийы тыххæй сыхгæдтой.

43 аздзыд политик йæ царды фылдæры хай барикадæтыл кæнæ ахсты ауагъта.

2007 æм азы парламентон æвзæрстыты фæстæ уый протест райдыдта. Дыууæ азы фæстæ, 2009 æм азы йæхæдæг бацыд полицимæ æмæ дыууæ аз ахæстоны арвыста. Уый 2008 æм азы президентон æвзæрстыты массивон акциты æмæ змæстыты организацийы фæаххосджын кодтой. Акцитыл аст адæймаг амард.

Уыцы æвзæрстыты Серж Саргсян фæуæлахиз ис.

Пашиняны сæйраг политикон оппонент алы хатт дæр Серж Саргсян уыд. «Хъæдабæ революци» рæстæджы та уый сбыцæу комкоммæ Саргсянимæ æмæ йæ 10 боны мидæг рамбылдта.

Николь Пашинян Сомихы фыццаг президент Левон Тер-Петросяны фарсылхæцæг уыд æмæ 2007 æм азы парламентон æвзæрстытыл блок «Импичмент» -æн рахæцыд йæ фарсыл. Пашинян сиды цæмæй цæттæ у премьеры пост бацахса.

 

«Нæ сæйраг нысан у уыцы негативон æмæ ахасты фæивд у, кæцы Сомихы азты дæргъы ис. Нæ план 4 – пунктон у. Йæ постæй ацæуа премьер-министр, сывзарой хицауады сæрдарæй опозицийы бæрноны, æрцæуа ивд æвзарæнон кодекс æмæ сырæза æнæрадон парламентон æвзæрстытæ» – сиды фракци «Елексы» уæнг.

Банысанкæнинаг у, цæмæй фæстаг æвзæрстыты рæстæджы блок, кæцыйы Пашиняны парти дæр уыд, æмбæстæгты æрмæст 8% фарсылхæцæг уыд.

Сомихы хицаугæнæг партийы æрдыгæй, азты дæргъы амад политикон системайы ивд æнцон хъуыдтаг нæу. Ацы бонтæ,  Сомихæн историон уыдзысты.

Зындгонд фразæ кинофильмæй «Форест гамп» нырма дæр актуалон у  – «Алидз, Николь! Николь!»