Александр Лукашенко хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы цæугæ фæзындты фоныл, Белорусы æфсады хæстон цæттæдзинады барамынд ратта
Белорусы президент Александр Лукашенко хъусын кæны, цæмæй Уæрæсеы цæугæ фæзындты фоныл, уый Белорусы æфсады æххæст хæстон цæттæдзинады барамынд ратта. Уый фæдыл Лукашенко офицерты хорзæхджын кæныны церемонийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Лукашенкойы фидиуæнæй, абон суверенон Белорусы æмæ æппæт дунейы историйы сегасдæр вазыгджын период ис.
«Ног глобалон конфликты тас никуы уыдис афтæ хæстæг, куыд абон. Нырмадæр архайынц нæ бæстæйы, нæ регионы спырх кæнын, адæмы дезориентаци скæнын, цыфæнды фæрæзтæй ситуаци сызмæнтын æмæ ацы хъæлæбайы сæрмагонд фæткæвæрд сфидар кæнын. Фæткæвæрд, кæцыйы рæстæджы нал уыдзысты нæ бæстæтæ, нæ нацитæ. Мах дæр фидар стæм, æргомзæрдæйæ куы зæгъæм, на фæуаддзыстæм фадат, уый æфсон сын раттæм. Куыд дзырдтон афтæмæй, нæй хуызджжын революцитæ, кæд уый тыххæй бæстæйы чысыл аххос уæддæр нæй, уæд», – райхъусын кодта Лукашенко.