Ахуырады министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фæсарæны квалификацийы фæбæрзонддæр кæныны паддзахадон гранты программæ адарддæр уыдзæн 2026 азæй
Паддзахадон грантон программæ «Фæсарæны квалификаци фæбæрзонддæр кæныны размæцыд», кæцы Гуырдзыстоны паддзахадон уагдæтты æмæ бюджетон организациты кусæг хицæн адæймæгтæн фадат дæтты фæсарæны квалификаци фæбæрзонддæр кæныны æмæ профессионалон рæзты нысанæн паддзахадон грант райсынæн, адарддæр уыдзæн 2026 азæй.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министрад парахат кæны.
«Ацы аз программæйы дыккаг хъусынгæнинаджы фæстиуæгæн æмæ къамисы уынаффæмæ гæсгæ паддзахадон грант райстой 18 адæймаджы, кæцытæ кусынц паддзахадон уагдæтты æмæ бюджетон организациты, уæлахиздзау конкурсанттæ цадæггай абалц кæндзысты æппæт дунейы алыгъуызон ахуырадон центртæм æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм 2025 азы ноябрæй 2026 азы маймæ.
Программæ æххæст кæны 2014 азæй, 2026 азæй та Гуырдзыстоны ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министрады æппæтдунеон департамент программæйы реализаци адарддæр кæндзæн.