Ахуырадон аз гæнæн ис, хæццæ моделæй райдайа æмæ йæ тыхы баззайа онлайн-ахуырад
Ахуырадон аз гæнæн ис, хæццæ моделæй райдайа æмæ йæ тыхы баззайа онлайн-ахуырад

Ахуырадон аз гæнæн ис, хæццæ моделæй райдайа æмæ йæ тыхы баззайа онлайн-ахуырад

Уый фæдыл æнæниздзинады хъахъæды минситры хæдивæг Тамар Габуния расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, эпидемиологион ситуаци нырма контролы бын ис.

«Вирусы цауты стыр хай у импортиргонд. Ис иунæг цаутæ, кæцыты фæдыл эпидемиологион иртаст даргъ кæны æмæ уыцы иртасты фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæсæм, кæцыйы низы бахæцыны фæд импортиргонд нæу.

Ног ахуырадон азмæ та цы хауы, скъолаты бацæтæт абоны эпидемиологион ситуацийæ рацæугæйæ, нæй бындур, цæмæй хъуыды кæнæм æнхъæлмæкæсинаг рискъыты фæдыл ахуыры райдайыныл, фæлæ алы æппæт хъуамæ сырæза цæмæй ахуырадон тыгъдад максималонæй уа эпидемиологшион къуымæй æдас.

«Иу тынг нысаниуæгджын модель, кæцыйыл хъуыды кæнæм æмæ кæцы глобалонæй у райсгæ, уый у хæццæ модель, кæцы йæ зæрдыл дары, онлайн-ахуырад æмæ классы ахуыр дæр иумæ. Ацы дыууæ методы балансы спайдайæ уыдзæн фадат скъолайы процесс æдасæй райдайын æмæ максималонæй спайда кæнæм онлайн –къластæй.