Ахуырадон аз 15 сентябры райдайдзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны ахуырады министр, Михеил Чхенкели райхъусын кодта.
Михеил Чхенкели куы банысан кодта афтæмæй, абоны эпидуавæрмæ гæсгæ, ахуыр хуымæтæг режимы 15 сентябрæй райдайдзæн.
«Абон уæвæг эпидемиологион уавæрмæ гæсгæ, сентябры ахуыр арйдайыны тыххæй куы зæгъæм, ахуыр райдайдзæн 15 сентябры, хуымæтæг режимы. Кæй зæгъын æй хъæуы, цæттæ стæм кæцыфæнды сценаримæ. Ноджы иу хатт зæгъын, абон бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, ахуыры процесс сног кæндзыстæм, кæнæ та ахуырадон аз райдайдзæн хуымæтæг режимы, кълассты æмæ аудиториты, фæлæ афтæдæр цæттæ стæм кæцыфæнды сценаримæ – рухсадон системæ адаптацигонд уыдзæн уыцы эпидуавæрыл, кæцы уыдзæн фæнысангонд рæстæджы актуалон», – загъта Михеил Чхенкели.