Акцийы хайадисджытæ Ереваны полицийы уыцы хайады цур бацыдысты, кæцымæ дæр ахст лидерты фæхæццæ кодтой
Шенгавитскийы полицийы департаменты цур, кæцы ранмæ дæр Ереваны ахст акцийы организаторты баластой, бацыдысты акцийы хайадисджытæ.
Фыццаг Къаналы журналист бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй, акцийы хайадисджытæ домынц ахæстты ссæрибар кнын. Бынатыл маобилизацигонд сты барадхъахъхæнджытæ.
Ацы минутты бынатмæ бацыд æнæаргъæвгæ медицинон æххуысы бригадæ æмæ дохтыртæ полицийы бæстыхаймæ бахызтыст.
Сомихыстоны прокуратурæ æртæ оппозиционер депутаты ахсты фæдыл информацийы парахат кæны.
Прокуратурæйы фидиуæны куыд дзщырдæу афтæмæй, Никол Пашинян, Арарат Мирзоян æмæ Сасун Микэляны специалон фæдæвзарæг куывст æрцахста. Уыдоны аххосджын кæнынц Сомихыстоны конституцийы дыккаг хайы 96-æм статийæ зæрдылдард æркуырдты састы.
Сæрмагондæй та тугнтæрхоны хъуыддаг хаст у рæгъмæ, протестон акцийы закъоны домæнты хæлды организацидзинады. Сомихыстоны прокуратурæйы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, депутатты ахсты фæдыл информиргонд у Сомихыстны парламенты сæрдар.
Сомихыстоны полицийы хъусинагæй, цæугæ митингтыл 15:00 сахаты бæрæггæнæнтæй, ахст сты 192 активист.