Аэропортты иугонды директор хъусын кæны, цæмæй ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, Кутаисы, иуæй-иу авиарейсы бортыл рæмудзæн буарады уæвын не сбæлвырд ис
Гуырдзыстоны аэропортты иугонды генералон директор Ираклий Каркашадзе хъусын кæны, цæмæй ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, Кутаисы, иуæй-иу авиарейсы бортыл рæмудзæн буарады уæвын не сбæлвырд ис.
Ираклий Каркашадзе куыд банысан кодта афтæмæй, бæлццæтты басгæрст фæцис æмæ уыдоны арвыстой атæхынагъоммæ залмæ.
«Рæмудзæн буарады уæвын уæлдæфон науыл, ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй н бæлвырд ис, бæлццæтты басгæрст кæронмæ фæцис æмæ уыдоны арвыстам атæхынагхоммæ залм. Фæнысангонд рейс сыххæст уыдзæн абон 19:0 сахатыл. Кутаисы æхсæнадæмон аэропорт æххæстæй æрыдæхдзæн йæ куысты хуымæтæг режиммæ æмæ адарддæр кæндзыстæм уæлдæфон науты райст. Иунæг æндæр рейс дæр нæ фæкуылымпы ис æмæ нæ байрæджы кодта. Ацы конкретон уæлдæфон науы тыххæй куы згæъæм, уæд нæ компетенци ам нæй æмæ æмбæогæ куыстытæ æххæст кæнынц процедурæтæ. Уынæг дæн уыдон йæхæдæг сараздзысты фидиуæн, фæлæ махмæ уæвæг информацийæ, ацы моментмæ лæвæрд информаци нæ бæлвырд кæны», – загъта Каркашадзе.
Кутаиси-Барселонайы авиарейс Кутаисы æхсæнадæмон аэропортмæ стæхынæй уайтагхд æрыздæхтис. Аэропорты хъусинагæй, аххос уыд бортыл уæвæг рæмудзæн буарады гæнæн уæвыны фæдыл информаци.