АИШ-ы паддзахадон департамент – Бæрзонд аргъ кæнæм тæрхонон реформæйы цыппæрæм уылæнæй райсгæ прогрессæн, афтæдæр райгонд стæм æвзарæнон реформæйыл диалогæй
Америкæйы Иугонд Штаттæ бæрзонд аргъ кæнынц тæрхонон реформæйы цыппæрæм уылæнæй райсгæ прогрессæн æмæ йæ фарс хæцæм хицаугæнæг парти æмæ оппозицийы æхсæн диалогæн æвзарæнон реформæйы тыххæй, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты куырдиаты дзырдæуы, кæцы баст у Гуырдзыстоны демокративон рæзынадимæ.
«Иугонд штаттæ йæ фарс хæцæм æдас, дидинæфтыд æмæ демокративон Гуырдзыстонæн. Бæрзонд аргъ кæнæм тæрхонон реформæйы цыппæрæм уылæнæй цы прогрессмæ æрцыд бæстæ уымæн, æмæ хицаугæнæг парти æмæ оппозицийы æхсæн цæугæ диалогæн æвзарæнон реформæйы тыххæй. Курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæй, бирæ серьозонæй дæр æрывнала демокративон принциптæй цы хæсист йыл ис уымæ, индивидуалон сæрибардзинады æмæ закъоны сæйрагдзинады æрдæм, цæмæй сифтонг кæна, сæрмагонд тæрхонон æмæ прокуратурæйы систмæ, уæгъдибар уа политикон æндæвдадæй. Иугонд Штаттæ адарддæр кæндзæн кусын сæрмагонд стретегион партнеримæ, Гуырдзыстонимæ, цæмæй ифтонг уа закъоны сæйрагдзинад æмæ бæрнон институттæ», – дзырдæуы АИШ-ы паддзахадон департаменты куырдиаты.