АИШ-ы паддзахадон департамент - АИШ тызмæг фауы Сирийы режимы уынаффæ, æрфидар кæна дипломативон ахастытæ Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтимæ
АИШ-ы паддзахадон департамент æрсидтис Уæрæсемæ, фæстæмæ акæна йæ æфсад хæсты размæ позицитæм, 2008-æм азы æхсæты фæурæды фæдыл бадзырды куыд у фыст афтæ. Уый тыххæй дзырдæуы паддзахадон департаменты абон ахæлиугонд фидиуæны, ккæцы публикацигонд æрцыд уагдоны веб-фарсыл.
«АИШ тызмæг фауы Сирийы режимы уынаффæ, æрфидар кæна дипломативон ахастытæ Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтмæ, Абхазий æмæ Хуссар Ирыстонимæ. Ацы регионтæ сты Гуырдзыстоны æнæбайсгæ хай. Абхазий æмæ Хуссар Ирыстонмæ гæсгæ, АИШ-ы позици ногæй æркæсын нæ хъæуы.
Мах æххæстæй йæ фарсхæцæг стæм Гуырдзыстоны суверенитет, хæдбарад æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй разы арнæтæм гæсгæ æмæ хъусын кæнæм алы бæстæтæм, сæ зæрдыл дарæт ИНО-йы хартийæ сæхимæ цы хæстæ райстой уыдон æмæ ноджы иу хатт бакой кæндзыстæм Уæрæсейæн, акæна йæ æфсæддон тыхтæ хæсты онг цы позицитыл уыдысты уырдæм, 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырды куыд у банысангонд афтæ» – дзырдæуы АИШ-ы падздахадон департаменты официалон фидиуæны.
Сирийы фæсарæн хъуыддæгты министрад знон райхъусын кодта, цæмæй Сирий «нымадмæ райста» оккупацигонд Абхазий æмæ «Хуссар Ирыстон». Фæнысангонды тыххæй, Гуырдзыстон райдыдта Сириимæ дипломативон ахастыты аскъуыныны процедурæтæ.