АИШ-ы минæвæртты палатæ абон кæсы Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт
АИШ-ы минæвæртты палатæ кæсы дыууæпартион «Гуырдзыстонæн фарсхæцæн акт», кæцыйы бавдыстой Гуырдзыстоны хæлæртты къорды æмсæрдар конгрессментæ, Джерри Конноли (демократ- Вирджиниайы штат) æмæ Адам Кинзингер (республикаг – Иллинойсы штат).
Гуырдзыстоны фсæарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фарсхæцынады актæн ис 30-ы онг æмспонсор, куыд демокративон , афтæ республикаг партитæй. Минæвæртты палатæйы касты онг закъонопроекты, Конгрессы цалдæр комитет, уый нымæцы, æддæ ахастыты, юридикъон фарстаты æмæ æфтиæгты комитеттæ æмхъæлæсонæй райстой.
Дыууæпартион закъонопроект хахх кæны Гуырдзыстоны суверенитеты, хæдбардзинад æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм АИШ-ы æнæфæцудгæ æнцойдарынад æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты халæг уæнгты ныхмæ санкциты инициативæ æвдисы.
Закъонопроект сæрмагонд хъусдард здахы АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн хъахъхъæнынады æмæ æдадсзинады сферæйы æмгуыстады, Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад фæфидардæр кæныны æмæ ацы æрдæм паддзахадон нымæрдары хæсджын кæны, æмбæлон уагдæттимæ Гуырдызстонимæ æмкуысткæнынады фидæн фондз азы стратеги бавдисын. Закъонопроектæй Конгресс АИШ-ы базарадон минæвармæ сиды, архайадон къахдзæфтæ сараза, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн сæрибар базарады бадзырд бафыссынæн, бадзырдты æрдæм.
Закъонопроектæй, АИШ-ы Конгрессментæ æвдисынц фарсмæлæууд æмæ хахх кæнынц Гуырдзыстоны цæугæ демокративон аргъдзинæдты рæзынадæн, сæ нымæцы сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæн, хицауадон секторы рухсдзыддзинадæн æмæ бæрнондзинадæн, закъоны сæйрагдзинадæн æмæ бæстæйы цæугæ антикоррупцион тыхархайдтæн.
Конгрессментæ фарсхæцынад сидынц Гуырдзыстоны евроатлантикон æмæ Европаг интеграцийæн æмæ хъахъъхæнынады æмæ æдасдзинады сферæты АИШ-Гуырдзыстоны ахастыты ноджы фæтыхджындæры æмæ ног этапмæ ахизын кæныны инициативæйæ рацыдысты. Закъонопроект æнцой дары Гуырдзыстоны æмбæстæгты барæн, сæрибарæй ахицæн кæной фидæн æмæ бархийæ сывзарой бæстæйы æддагон æмæ æдасдзинады политикъæ, сæ нымæцы æндæр бæстæтимæ, кæд æхсæнадæмон организацитимæ ахастытæ, æндæр бæстæйы хи фæкæныны, æртъхъирæны кæнæ тыхмидзинад цухæй.
Закъонопроектмæ гæсгæ, АИШ-ы политикъæ хъуамæ уа – Гуырдзыстонимæ консультацийы фæндагæй, фæтыхджындæр кæна, Гуырдзыстон йæхи тасæй куыд аиуварс кæна уый, ныхмæ слæууынæн хъæугæ æмæ хæдиргъæфхъомады фæрæзтæ,сæ нымæцы Гуырдзыстоны гарзджын тыхты фæрæзты фæхуыздæр кæнынæн, бæстæйæн АИШ-æй æмбæлон æххуысы фæрцы.