АИШ-ы минæвæртты палатæ Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт, æмхъæлæсонæй сбæлвырд кодта
АИШ-ы минæвæртты палатæ Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт, æмхъæлæсонæй сбæлвырд кодта

АИШ-ы минæвæртты палатæ  Гуырдзыстонæн фарсхæцæн  дыууæпартион акт, æмхъæлæсонæй   сбæлвырд кодта.

Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  куыд дзурынц афтæмæй,   АИШ-ы   минæвæртты  палатæйы  банысангонд  документ кæй  сфидар ис  уымæй, Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы  ахастыты  бынтон   уæлдæр  æмвæзадыл   скæныны  дырыс  бæлвырдгæнæн у.

Дыууæпартион   закъонопроект хахх кæны Гуырдзыстоны суверенитеты, хæдбардзинад æмæ  территорион æнæхъæндзинады æрдæм АИШ-ы  æнæфæцудгæ  æнцойдарынад  æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл   адæймаджы  барты  халæг  уæнгты ныхмæ  санкциты  инициативæ  æвдисы. Закъонопроект сæрмагонд хъусдард  здахы  АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн  хъахъхъæнынады  æмæ  æдадсзинады  сферæйы  æмгуыстады,  Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад  фæфидардæр кæныны æмæ  ацы æрдæм  паддзахадон  нымæрдары хæсджын кæны, æмбæлон уагдæттимæ  Гуырдызстонимæ æмкуысткæнынады фидæн фондз азы  стратеги бавдисын. Закъонопроектæй  Конгресс АИШ-ы  базарадон  минæвармæ  сиды,  архайадон къахдзæфтæ сараза, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн  сæрибар  базарады бадзырд бафыссынæн, бадзырдты æрдæм.

Фæдылдзог къахдзæфæй та уыдзæн,  АИШ-ы минæвæртты палатæйы  ныридæгæн   бæлвырд  закъондæттæн акты  проект, æрвыст æрцæудзæн  АИШ-ы сенатмæ.   Сенаты  æмбæлон комитетты æмæ Сенаты  пленарон   сессийыл  закъонопроекты  сфидар кæныны фæстæ,  уыйы  къухбафыссынæн арвитдзысты  АИШ-ы президентмæ, кæцы йыл йæ  къух  куы  бафыссы  уыцы  цауы, райсдзæн закъоны  тых.