АИШ, уырыссаг олигархты  активты бацагуырд æмæ сæ ныййих кæнынæн специалон къорд сараздзæн
АИШ, уырыссаг олигархты активты бацагуырд æмæ сæ ныййих кæнынæн специалон къорд сараздзæн

АИШ-ы  райхъусын кодтой  специалон   къорд саразыны  фæдыл, кæцы  сакнцитæм хаугæ  уырыссаг олигархты  атиквтæ рабæрæг кæндзæн æмæ  сæ ныййих кæндзæн.  Уый фæдыл   информаци   Урс хæдзары  «Твиттеры»  фарсыл  у  публикацигонд.

«Цæугæ  къуырийы  сарыздзыстæм   трансатлантикон  къорд   санкцитæ кæмæ  æмбæлынц  уыцы уырыссаг компаниты æмæ   аолигархты   активтæ  бацагурынæн, æмæ  сæ ныййих кæнынæн – сæ  яхтæты,  сæ  галуантæ æмæ цыфæнды æндæр  æнæзаконон   æфтиагы, кæцы  нæ  бон у   ссарын æмæ йæ  закъонмæ гæсгæйæ   ныййих кæнын» – дзырдæуы   Урс Хæдзары фидиуæны.

Британи санкцитæ кæцы  уырыссаг олигархтæм æмбæлынц  уыдоны ног ранымад  рафыста.  Бриатнийы фæсарæн хъуыддæгты министры, Лиз Трасы дзырдæй,   тобæтæ ныр  фылдæр клептократмæ  баххæссдзысты.