АИШ Уæрæсейы  ныхмæ  ног  санкцитæ сфидар кодта
АИШ Уæрæсейы ныхмæ ног санкцитæ сфидар кодта

АИШ  Уæрæсейы  ныхмæ  ног санкцитæ сфидар кодта. Агентад «Ройтер» куыд фыссы афтæмæй,  ног  тобæты нысан технологийы секторы оператортæ сты, цæмæй  Мæскуыйæн мауал бауа йæ бон  архайæг санкциты иувæрсты ацыд.

АИШ-ы  къазнайы  департаменты  фидиуæнæй,   санкцитæ  сфидар  кодтой  21  компанийæн æмæ 13  физикъон уæнгæн.  «Сау номхыгъдмæ» хаст  компаниты æхсæн ис «Микрон» – Уæрæсейы  микроэлектроникайы  æмæ чипты   ставддæр  уадзæг  æмæ экспортер.

Агентад «Ройтер»  фыссы,  цæмæй  къазнайы департамент  афтæдæр  ахæлиу кодта тобæтæ  Уæрæсейы экономикæйы  аэрокосмикон,  денджызон  æмæ электронон   сектортыл.  Ацы къахдзæф  АИШ-æн   дæтты фадат, сфидар кæна санкцитæ  кæцыфæнды уæнгæн  кæнæ компанийæн, кæцытæ  ахицæн кæндзысты  ацы  секторы архайын.

«Мах адарддæр кæндзыстæм Путины  хæсты машинæйы  ныхмæ санкцитæ  фидар кæнын алы  æрдгæй, цалынмæ ацы  æвзæрст æнæрхъуыды  хæст нæ  фæуыдзæн уæдмæ» – дзырдæуы   къазнайы  нымæрдар Джанет  Уэллены  фидиуæны.