АИШ йæ порттæм  Уæрæсеимæ баст  науты бацыдыл тобæ сæвæрдта
АИШ йæ порттæм Уæрæсеимæ баст науты бацыдыл тобæ сæвæрдта

АИШ-ы  президент Джо Байден, Уæрæсеимæ баст  наутæн, америкаг порттæ сыхгæды  фæдыл райхъусын кодта.

Джо Байден  Урс Хæдзары  ацæугæ  брифнгыл  куыд банысан кодта афтæмæй,   АИШ æмæ  ныгуылæйнаг  æмцæдисонтæ дарддæр кæнынц  Уæрæсейыл æлхъывд  æмæ йæ  æхсæнадæмон изоляци.

«Абон хъусын кæнын, цæмæй АИШ тобæ æвæры  Уæрæсейыимæ  баст наутæн нæ порттæм  бацыдыл.  Европæйы  куыд сарызтой афтæ.  Уырыссаг тырысайы  бын лекæнæг  кæнæ уырыссаг  компанийы  срæмагонд  иунæг нау дæр  нæ  бацæудзæн  АИШ-ы  порттæм  æмæ  йын рæувадат нæ уыдзæн  нæ  донбыл.  Уый у  ноджы иу  критикон къахдзæф, кæцы аразæм   европаг партнертимæ  Евроцæдисы, Стыр Британийы æмæ Кандæимæ иумæ,ц æмæй  Уæрæсейæн  рæувадат ма  уа  æхсæнадæмон  экономикон системæтæй  цæугæ пайда,  кæцыйæ ивгъуыды  пайда кодта» –   райхъусын кодта Байден.

АИШ-ы  президенты дзырдæй, Путинæн нæ банысти йæ нысæнттæ сыххæст кæнын  хæсты фронты.

«Нæ зонæм цас рæстæг аххæсдзæн ай, фæлæ  хæст райдаынæй дыууæ мæймæ  куы фæхæццæ кæнæм, уый у  мах цы  зонæм –  Путин нæ баххæссыд йæ нысæнттæм  хæсты фронты;  бирæкъукрион  бомбæкалды фæстиуæгæн та Киев  лæууы;  президент  Зеленски æмæ йæ  декмократонæй æвзæсрт  хицауад    никуыдæм ацыдысты, Украинайы гарзджын тыхтæ, кæцытæм баиу ис бирæ  æхсарджын  украинаг нæлгоймаг,  ныппырх кодтой Уæрæсейы  план  бæстæ  бацхасыны фæдыл.  Фыццаг бонæй  сæ  тыхджын кодтой, хæцæнгарзы,  ифтонгггæрзты, згъæртехникæйы, рагысгарæгон  информацийæ ифтонгад сæрибар дунейы бæстæтæй,  нæхи, АИШ-ы  къухдариуæгæ»й» –  баынсан кодта АИШ-ы преиздент.