АИШ Гуырдзыстонæн æххуысы  хуызæй  рауæлдай кæндзæн 105 320 000   доллары
АИШ Гуырдзыстонæн æххуысы хуызæй рауæлдай кæндзæн 105 320 000 доллары

Конгрессы демократтæ æмæ респудикæгтæ  1,3   триллион  бюджеты  сбæлвырд кæныныл æрныхас кодтой.  Бюджетыл  уынаффæ  цалдæр къуырийы   дæргъы   цыдис. Хъахъхъæнынады æмæ   æфсæддон    бюджет  700  миллиард доллармæ æххæссы,   кæцы  уый  нысан кæны, цæмæй  раззаг азтимæ абаргæйæ хъахъхъæнынады  бюджет  13%  райрæзтис.

АИШ-ы  ног бюджеты проект  Гуырдзыстон æмæ  Украинæйæн  суммæ рауæлдай кæнын дары йæ хъуыдыйы.

Дзырдæуы  105 320 000  доллары фæдыл,   кæцы  Гуырдзыстонæн  æххуысы хуызæй рауæлдай уыдзæн,  Украинæйæн  та   420  700 000  доллары.

Конгрессы минæварадон  палатæйы   спикер  Пол Райян  фæнысангонд закъонопроекты  ног  эпохæйы   райдайынæй схуыдта.  Фæнысангонд бюджеты  афтæдæр рагхыгъдгонд у,   Мксикæ АИШ-ы   арæныл  сис арæзтадæн суммæ дæр 1,6 миллиард доллары.  Закъонопроект  мидæгон æдасдзинадæн  46 миллиард  доллары  рауæлдай кæнын  дары йæ  хъуыдыйы.

Ног закъонопроект  кæцы  йæ тыхмæ  бацæудзæн  2018 азы  сентябры,    йæ хъуыдыйы  дары  АИШ-ы  аэоронавтикæйы æмæ   космикон  тыгъдады  иртасыны   уаглдонæн (NASA)  500  милуанæй  йфылдæр  суммæйы рауæлдай кæнын, сæрмагондæй та,  фидæн азæй  NASA-ы  бюджет уыдзæн  19 миллиард  500  милуаны.