Энтони Блинкен хъусын кæны, цæмæй  АИШ-ы администраци Уæрæсейы, куыд терроризмы спонсор паддзахадыл банымадыл кусы Конгрессимæ
Энтони Блинкен хъусын кæны, цæмæй АИШ-ы администраци Уæрæсейы, куыд терроризмы спонсор паддзахадыл банымадыл кусы Конгрессимæ

 

АИШ-ы администраци Уæрæсейы,  куыд  терроризмы спонсор паддзахадыл  банымадыл кусы Конгрессимæ, –  уый фæдыл  АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  фехъусын кодта.

«Мах ныр Конгрессимæ  кусæм закъондæттынадыл, кæцы нын баххуыс уыдзæн   иуæй-иу  бицæусидтыл фæтых уæм,  терроризмы спонсор   паддзахады  статусæй  скусын кæныны рæстæджы.  Мах иудадзыг агурæм  æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ, кæцыты райсын у нæ бон, цæмæй  бахъуаджы  цауы  стынг кæнæм  æлхъывд», – райхъусын кодта Блинкен.

Паддзахадон нымæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй Путин  бацархайдта, картæйæ  схафтаит Украинайы æмæ йæ идентондзинад,  скодтаит æй  Уæрæсейы  сæрмагондæй æмæ саст баййæфта.

«Стæй  уый  йæхи бакодта хурыскæсæн æмæ хуссар Украинайы  территори æмæ ам дæр саст ййафы, уымæн æмæ  Украинайы гарзджын тыхтæ  йæ  тыхбын кæнынц  фæстæмæ алæууын  æмæ сæрибар кæнынц  Путины  бацахст территоритæ.  Ныр та уый архайы  зымæгæй  спайда кæна куыд хæцæнгарзæй –  раиу кæны  рухс,  хъарм,   талынджы æмæ  уазалы  уадзы   украинаг адæмы.  Уый у æцæгдæр гуымиры архайд», – райхъусын кодта Блинкен.