АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæ сфидар 2021 азы хъахъхъæнынады бюджеты проект,  кæцыйы  тексты, Гуырдзыстоны фæдыл дæр ис  ныхас
АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæ сфидар 2021 азы хъахъхъæнынады бюджеты проект, кæцыйы тексты, Гуырдзыстоны фæдыл дæр ис ныхас

АИШ-ы  Конгрессы   минæвæртты палатæ  2021  азы  хъахъхъæнынады   бюджеты  проекты сенатимæ разыгонд  текст  сфидар кодта. Æмбæлгæ информаци  публикацигонд у  минæвæртты палатæйы   официалон  веб-фарсыл.

Документæн, сæргондæй  «2021 азы   националон  хъахъхъынаныд авторизацийы  акт»  Конгрессы дæллаг   палатæйы  355 уæнг схъæлæс кодтой,  йæ ныхмæ та рацыд  78.  Проектимæ хъуамæ сразы уа Сенат дæр.

Документы мидæг дзырдæуы  Гуырдзыстоны тыххæй  дæр.   Сæрмагондæй та банысангонд у,  цæмæй  Уæрæсеимæ  стратегион конкуренцийы æмæ  уыйимæ баст  архæйдтыты цæстæнгасæй,   Уæрæсейы  æрдгæй   агресси бауромынæн, АИШ-ы   хъахъхъæнынады  департамент  хъуамæ райрæзын кæна  «хъусдард æмæ  Сау Денджызы   регионы  ивгæ  æфсæддон балансмæ раздаха ресурстæ,  райрæзын кæна НАТО-ы æмæ  æндæр  бирæфарсон  ахуырты  арæхад  æмæ  масштаб  Сау Денджызы  регионы.  Сæ нымæцы  Украинайы  æмæ  Гуырдзыстоны  хайадæй» .

Бюджеты проекты афтæдæр банысангонд у 2008 азы  НАТО-йы  Бухаресты саммиты  уынаффæ,  кæцымæ гæсгæ дæр, НАТО райгонд уыдзæн  Украина æмæ Гуырдзыстонæн  евро-атлантикон   тырнынадтæй НАТО-йы уæнгсуæвынмæ æмæ разы у, цæмæй  ацы бæстæтæ  суыдзысты НАТО-йы  уæнгтæ.

Документы афтæдæр  ис  ныхас   газдадзæнты  «Цæгат къада2 –ы»  æмæ  «Туркаг къадайы»  ныхмæ  санкциты  ауæрæх кеныныл.

АИШ-ы хъахъхъæнынады бюджеты  æмтгæйон  бæрц  у 740  миллиард долларæй  фылдæр.  Фæнысангонд суммæйæ  69 миллиард   доллар  рауæлдайгонд у  фæсарæнты  æнæрагхыгъд  операцитæн, кæцы æмбарынгæнæн документы куыд дзырдæуы,  афтæмæй,   фадат ратдзæн æфсæддæттæн,  уой цæттæ, райрæзын кæной  фадæттæ æмæ  инвестицитæ æххæст кæной   ног программæты æмæ  технологиты, кæцы  бæстæйы  æдасдзинадæн бахъæудзæн.  2021  азы бюджетмæ гæсгæйæ,   Украинайæн  рахицæнгонд у  250  милуан доллары æххуыс.