Джо Байден  Конгрессмæ баздæхт æркуырдæй, Украинайæн  33  миллиарды бæрц æххуыс, куыд гæнæн ис афтæ тагъд  рауæлдай кæныны фæдыл
Джо Байден Конгрессмæ баздæхт æркуырдæй, Украинайæн 33 миллиарды бæрц æххуыс, куыд гæнæн ис афтæ тагъд рауæлдай кæныны фæдыл

Амæйразмæ  къух бафыстон  документыл Конгрессæн,  Путины  агрессийы ныхмæ Украинайæн баххуыс кæнынæн  критиконæй  нысаниуæгджын экономикон æмæ  гуманитарон  æххуысы  фæдыл –  уый фæдыл АИШ-ы президент, Джо Байден  абон  лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ  Украинайы  ныр æххуыс  хъæуы  æмæ  ацы  хæсты  аргъ  аслам нæу.

«Хъæуы нæ уый, цæмæй  йæ фарс рахæцæм Украинайæн, кæцы   тох кæны  сæрибардзинады  тыххæй.   Критиконæй  нысаниуæгджын у  цæмæй ацы  финансдзинад сбæлвырд уа  æмæ  сбæлвырд уа   куыд гæнæн ис,  афтæ  тагъд.  Ацы тохы  аргъ аслам нæу, фæлæ  агрессийæн бакомын  бирæ зынаргъдæр сбаддзæн.  Мах  Уæрæсемæ нæ бырсæм.  Мах æххуыс  кæнæм Украинайæн, цæмæй  йæхи баиргъæва  Уæрæсейы  агрессийæ. Путин ацы  æбуалгъ бырст райдаын  куыд  сывзæрста, раст афтæ йæ бон уыдис  ацы æбуалгъ бырст кæрон скæнын», – райхъусын кодта Байден.

Уæдмæ, медийы  ахæлиу ис информаци, ома АИШ-ы президент Конгрессæй ракуырдта, Украинайæн 33 миллиард доллары бæрц  æххуысы  пакет  рауæлдай кæнын  æфсæддон   æмæ гуманитарон  æххуысæн.