Гуырдзыстоны авиабазарыл кусын райдыдта Китайы сеппæтæй стырдæр авиакомпани «Эйр Чайна». Информаци Аэропортты цæдис парахат кæны.
Сæхи информацимæ гæсгæ, æхсæвы æрæгмæ, авиакомпани Урумчийæ Тбилисы æхсæнадæмон аэропортмæ фыццаг комкоммæ рейс сарæзта BOENG 737-800 хæдтæхæгæй, кæцыйы 98 бæлццон уыд. Æмæ Тбилисæй Китаймæ 121 бæлццон ацыд.
Аэропортты ассоциацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2024 азы январæй сентябрмæ Китайæ комкоммæ æрцæугæ туристты нымæц уыд 66 485 бæлццоны. Air China у дыккаг китайаг авиакомпани, кæцы Гуырдзыстоны авиацийы базармæ бацыд China Southern Airlines-ы фæстæ. Арæзт æрцыд 69 азы размæ, AIR CHINA у Китайы Адæмон Республикæйы стырдæр авиакомпани. Уый у Star Alliance-ы уæнг æмæ æххæст кæны комкоммæ рейстæ дунейы 183 бæстæмæ.