ÆВФ- Кавказы æмæ Централон  Азийы проблемон æмæ æнæныфс кредитты сеппæтæй ныллæг   æвдисæг ис Гуырдзыстонæн
ÆВФ- Кавказы æмæ Централон Азийы проблемон æмæ æнæныфс кредитты сеппæтæй ныллæг æвдисæг ис Гуырдзыстонæн

Æхсæнадæмон валютон фонды (ÆВФ) бæрæггæнæнтæй,  Кавказы æмæ Централон  Азийы  æхсæн  æмгъуыдивгъуыд  æмæ  æнæныфс  кредитты  сеппæтæй  ныллæг   æвдисгæ ис Гуырдзыстонæн.

Организацийы  абон  публикацигонд  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ,  проблемон  хæсты хай Гуырдзыстоны 12 проценты онг у, æнæныфс (non-performing loans) хæсты та – 2,5  проценты фæлгæтты.  Дыууæдæр æвдисæг  фæхуыздæр сты  2018 азы майы   публикацигонд статиимæ абаргæйæ. Йеуæд  Валютон Фонды бæрæггæнæнтæй,  проблемон хæсты хай, 15 процентæй фылдæр уыд, æнæныфс та 5 проценты  фæлгæтты.

Валютон Фонды  информацийæ,  2015-2018 азты  хицæн секторы  кредитæвæрд  Гуырдзыстоны 15 процентæй  райрæзтис, кæцы регионы  афтæдæр сегасæй  хуыздæр æвдисæг у.