Æнæмæнг æфсæддон куыстмæ æмбæстæгты уалдзæгон асидт 1-аг февралæй райдайы
Æнæмæнгхъæугæ æфсæддон службæмæ æмбæстæгты 2019 азы уалдзæгон асидт 1 яевралæй райдайы – уый фæдыл барамынд радæтта Гуырдзыстоны хицауад.
Æмбæстæгты 2019 азы уалдзæгон асидт фыццаг февралæй 2019 азы 29 июны онг аххæсдзæн.
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады æркуырдмæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм сидтонты максималон нымæц 1 700 уыдзæн.
Юстицийы министрады системæмæ хаугæ паддзадон дæлуагдонон уагдонмæ – специалон пенитенуион куыстмæ асидинаг æмбæстæгты максималон нымæц фæбæрæг ис 1 309-æй.
Мидхъуыддæгты министрдаы æфсæддонгомау дæлхайадтæм асидинаг æмбæстæгты максималон нымæц – 920-æй.
Гуырдзыстоны паддзахадон хъахъхъæдады специалон куыстмæ аситдзысты максимум 200 æмбæстагы.
Паддзахадон æдасдзинады куыстмæ – 341 æмбæстагы.
Æнæмæнг æфсæддон службæмæ аситдзысты 18-æй 27 азы онг кары æмбæстæгты, кæцытæм, Гуырдзыстоны закъондæттынадæй бæрæг æгъдауæй, нæй æфсæддон службæмæ асидыны æмгъуыд ахæцыны кæнæ æфсæддон службæмæ асидтæй ссæрибаргæнæг æмркуырды бар.
Æнæмæнг æфсæддон службæмæ асидты процессæн координаци кæндзæн Гуырдзыстоны регионон тынгады æмæ инфраструктурæйы министрад.
Хицауады барамынд кæцы 1-аг февралæй скусдзæн абон 29 янары публикацигонд æрцыд закъондæттынады фæдыл фидиуæны.