Æхсæнадон организацитæ еврокомиссар Оливер Вархеймæ сидынц, цæмæй 2023 азы уалдзæджы рекомендациты сыххæсты фæдыл æхсæйнаг аргълæвæрд уа публикон бæстæйы æмбæстагон дзыллæйæн
Æхсæнадон организацитæ Еврокомиссар Оливер Вархеймæ фыстæг æрвитынц.
Сидты банысангонд куыд у афтæмæй, «Гуырдзыстонæн ис тыхджын æмбæстагон дзыллæ, кæцы иттæг нысаниуæгджын роль æххæст кæны бæстæйы Евроинтеграцийы процессы».
«Æмбæстагон дзыллæ активон цæтдарынад æххæст кæны хицауады æрдгæй 12 рекомендацийы сыххæсты. Æхсызгон нын у Еврокомиссийы уынаффæ 2023 азы уалдзæджы рекомендациты сыххæстиы фæдыл æхсæйнаг аргълæвæрды æрцæттæйы уынаффæ. Нымайæм, цæмæй фæнысангонгд тынг баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæн æмæ йæ партнертæн рахатын, цæмæй цы жтапыл ис бæстæ кандидаты статус райсты фæндагыл. Уый хынцгæйæ, ома æмбæстагон дзыллæйы хай баст у рекомендациты сыххæсты мониторингы процессы, курæг уæ стæм, æхсæйнаг аргълæвæрд уа æргом æмæ рæувадат интересджын фарсытæн, уый нымæцы бæстæйы æмбæстагон дзыллæйæн. Еврокомиссийы æхсæйнаг аргълæвæрд публикон куы уа уый сифтонг кæндзæн процессты æргомдзинад, гæнæн скæндзæн уым æхæснады активон хайад æмæ нысаниуæгджынæй йæ къух сараздзæн приоритетты сыххæстыл эффективон цæстдарынад ауадзынæн» – банысангонд у сидты.
Фыстæгыл къух фыссынц: «Гом æхсæнады фонд», «Цæдис Сапари», «Демократийы иртасыны институт» (DRI), «Хицауиуæгы мониторингы центр» (GMC), «Гуырдзыстоны Реформæты Ассоциаци» (GRASS), «Гуырдзыстоны æвзонг юристты ассоциаци», «Социалон Рæстдзинады Центр», «Гуырдзыстоны Демократон инициативæ» (GDI), «Тбилиси Прайд», «Гуырдзыстоны тæрхондоны хъахъъхæнæг», «Æхсæнадæмон Æргомдзинад Гуырдзыстон», «Цъæх альтернативæ», «Хурыскæсæн Европрæйы центр бирæпартион демократийæн» (EECMD), «Гуырдзыстоны стратегийы æмæ æхсæнадæмон ахастыты инртасыны фонд» (GFSIS), «Экономикон политикæйы иртасаг центр» (EPRC), «Рæстаг Æвзæрстытæ» (ISFED).