Æхсæнадон хъахъхъæнæг сиды сæрмагонд фæдæвзарæн службæмæ, цæмæй æвæстиатæй райдайой фæдæвзарæн абоны цауты фæдыл æмæ æмбæлон адæймæгты дзуаппмæ æркæной
Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг сиды специртасæн куыстмæ, æвæстиатæй райдайой фæдæвзарæн уыцы фактты фæдыл, кæцытæ абон æрцыд æмæ æмбæлон гоймæгты дзуаппмæ æркæной.
Расидæны куыд банысангонд у, афтæмæй æхсæнадон хъахъхъæнæг алы инцидентмæ гæсгæ барадон мадзæлттæ сараздзæн.
«Мæн тыхсын кæны пъæлицæйы æнæзакъонон ахаст æмæ æмбæстæгты, журналистты æмæ политикты ныхмæ æгæр тыхы факттæ, куыд æвдыст цæуы æхсæнадон æрмæгты парахатгонд видеокадрты. “ТВ-Пирвелийы” цæфгонд операторы тыххæй дæр информаци полицийы æрдыгæй парахат кæны. Мах ма федтам комкоммæ эфиры кадртæ, цыран пъæлицæйы кусджытæ дзыхæй æфхæрдтой сылгоймæгты, уыцы нымæцы сылгоймаг политикты дæр. Æхсæнадон хъахъхъæнæг æфхæры пъæлицæйы кусджыты алы хуызы æнæзакъон архайдтытæ, уæлдайдæр та æвзæр ахастдзинæдтæ. Æхсæнадон хъахъхъæнæг алы цауы фæдыл дæр райсдзæн барадон мадзæлттæ. Адæмон хъахъхъæнæг сиды сæрмагонд фæдæвзарæн службæмæ, æппæт ацы фактты фæдыл æвæстиатæй райдайой фæдагуырд æмæ æмбæлон гоймæгты уголовон бæрнмæ æркæной. Афтæ дæр сидæм мидхъуыддæгты министрады генералон инспекцимæ, цæмæй милицийы кусджыты æрдыгæй дзыхы æфхæрды æмæ æнæэтикон миты фактты фæдыл мидæггагон басгæрст ауадзой. Адæмон хъахъхъæнæгы минæвæрттæ бабæрæг кæндзысты алы ахстгонд æмбæстæгты, се æхсæн политикты дæр. Æфтауц информаци адæмæн лæвæрд æрцæудзæн фæстæдæр. Адæмон хъахъхъæнæджы офисы тæвд хахх – 1481 – кусы æхсæвæй-бонæй, цæмæй райса хъусынгæнинæгтæ адæймаджы барты хæлдтыты тыххæй», – ис фыст расидæны.