Æхсæнадон хъахъхъæнæг Кутаисы апелляцион тæрхондонмæ басидтис тæрхондоны  хæлары  хъуыдыйы хъуызæй  Мзиа Амагълобелийы ныхмæ профилактикон мадзалæй спайда кæныны фарстайы фæдыл
Æхсæнадон хъахъхъæнæг Кутаисы апелляцион тæрхондонмæ басидтис тæрхондоны хæлары хъуыдыйы хъуызæй Мзиа Амагълобелийы ныхмæ профилактикон мадзалæй спайда кæныны фарстайы фæдыл

Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъхъæнæг, Кутаисы апелляцион тæрхондонмæ «Амикус Куриайы» хъуыды бавдыста Мзиа Амагълобелийы ныхмæ профилактикон мадзалæй спайда кæныны фарстайы фæдыл. Уый фæдыл информаци æхсæнадон хъахъхъæнæгы аппарат парахат кæны.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, «документы дзырд цæуы ахæстоны фæбадыны растгæнæны хъæндзинæдтыл, кæцытæй пайдагонд цæуы куыд профилактикон мадзал æмæ, адæймаджы барты стандартты анализы руаджы, нымад цæуы, цæмæй адæймаджы сæрибардзинады ахæм интенсивон арæнæвæрд, кæцы бындуриуæг кæны æрмæстдæр абстрактон æмæ потенциалон тасдзинад у æнæрайсгæ».

«Æхсæнадон хъахъхъæнæджы офис æркаст азымгæнæн гæххæттмæ, прокуратурæйы хъæппæрисмæ, тæрхондоны уынаффæмæ æмæ хъахъхъæнæджы хъастмæ æмæ рахаста хатдзæг, цæмæй прокурор æмбæлонæй нæ сбæлвырд кодта, цæмæн нæ уыд æмбæлон æндæр, къаддæр карз æфхæрæн мадзалæй спайда кæнын, уæлдайдæр та, уымæ гæсгæ апелляци, Хъахъхъæнæг равдыста йæ цæттæдзинад бафидын æмбæлон стыр суммæ æфсонæй, афтæ ма æвæрын уæлæмхас хæстæ.

Батумы горæтон тæрхондоны уынаффæйæ бæрæг уыд, цæмæй тæрхондон хъахъхъæнæджы æрбавдыст æркуырдæн æмбæлон дзуапп нæ радта æмæ æнæ æмбæлон бындурæй ныууагъта къаддæр карз æфхæрды мадзалæй спайда кæныны фарст.

Æхсæнадон хъахъхъæнæг ныфс дары, цæмæй Кутаисы аппеляцион тæрхондон нымадмæ райсдзæн amicus curiae-йы хъуыдыйы æвдыст барадон аргументтæ æмæ æркæсдзæн Мзиа Амагълобелийы ныхмæ пропорцион профилактикон мадзалы спайда кæнынмæ, кæцы уыдзæн æрбæстонгонд сæрмагонд тасдзинæдтæй, кæд æмæ ис, уæд,” Æхсæнадон хъахъхъæнæгы аппараты рапарахатгонд информацийы ис фыст.