Батумы горæтон тæрхондоны цæуы Мзиа Амагълобелийы хъуыдтагы мидисджын каст
Батумы горæтон тæрхондоны «Батумелеби» æмæ «Нетгазети»-йы бындурæвæрæг Мзиа Амагълобелийы хъуыдтагы мидисджын байхъуыст сног ис. Æнхъæлмæкæсинагæй, ай уыдзæн фæстаг раздæры байхъуыст, æмæ 28-æм июлы тæрхонгæнæг Сахелашвили Нино гæнæн ис расидт тæрхон.
Абоны байхъуысты æрфарстой эксперт-неврологы. Фæдагуырд абон ратдзæн йæ кæронбæттæн ныхас. Байхъуыстмæ Мзиа Амагълобели дæр рацыд.
Байхъуыст цæуы протестон митингы фоныл. Мзиа Амагълобелийы коллегæтæ æмæ æндæр æмæ æндæр æхсæнадон организациты минæвæрттæ тæрхондоны бæстыхайы цур радон митинг сарæзтой.
Газет «Батумæлеби»-йы кусджытæ хицауады ‘рдыгæй уæлæмхасæн æлхъывдады тыххæй дзурынц. Рауагъдады сæйраг редактор, Этер Турадзейы ныхасмæ гæсгæ, æфтиæгты службæ сыл хъды сфидар кодта, бюджетæй сæм уыд 47 мин ларийы хæс, кæцымæ бафтыдтой ивар дæр. Этер Турадзе куыд хъусын кæны афтæмæй, закъондæттынадмæ гæсгæ, æфтиæгты куыстмæ бахатыдысты хæс графикмæ гæсгæ бафидыны курдиатимæ, фæлæ уый уагдон нæ сæххæст кодта.
Бæрæг ссис уый дæр, цæмæй рауагъдад Батумы офисы бæстыхайы ауæй кæнын аскъуыддзаг кодта.