Æхсæнадæмон Республикаг Институт (IRI) публикаци кæны æхсæнадон хъуыдыйы иртасæны фæстиуджытæ
Æхсæнадæмон Республикаг Институт (IRI) æхсæнадон хъуыдыйы иртасыны фæстиуджытæ публикаци кæны. Иратсæнмæ гæсгæйæ, æхсæнады Гуырдзыстоны евроцæдисы уæнгсуæвынимæ æнæцудгæ разы сты. Афтæма, IRI-ы прессрелизы куыд дзырдæуы, рафарст респонденттæ æнразыдзинад æвдисынц бæстæйы Уæрæсейы æмбæстæгты уæвыны тыххæй æмæ политикон партитæн æнæууæнк æвдисынц.
Рафарст респондентты 85% æххæстæй кæнæ зæгъæн ис разы сты Гуырдзыстоны европаг тырнынадимæ. Сæ нымæцы 60%-ы разыдзинад æнæивгæ у, фæнды ацы æвзæрсты тыххæй бахъæуа Уæрæсеимæ базарадон ахастытæ аскъуынын.
IRI-ы прессрелизмæ гæсгæйæ, иртасæн афтæдæр æргом æвдисы, ома Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ не сты разы, æфсæддон мобилизацийæ ралидзгæ Уæрæсейы æмбæстæгты массонæй æрбацыдимæ. Рафарст респондентты 78% йæ ныхмæ сты Уæрæсейы æмбæстæгтæн Гуырдзыстонмæ æнæвизæ æрбацыды, бизнесы регистрацийы кæнæ мулк балхæды бар уа.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, æууæнк политикон лидертыл ныллæг у. Афтæма рафарст респондентты æрмæст 15% райхъусын кодтой, цæмæй политикон партитыл æууæндынц, æрмæст 42% та дзурынц,ц æмæй дзы иунæг политикон парти дæр не æвдисынц сæ интерестæ.
Уыимæ æхсæнады фæндон, цæмæй фена фылдæр æвзонгы политикæйы, у рæзгæ æмæ 79%-ы бæрц у.