Æддагполитикон уагдон – уæззау уавæры тыххæй, нырма бæрæг нæу дырыс рæстæг, кæд æрцæудзæн Суданæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты эвакуаци
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнæй, Суданы уæвæг вазыгджын æмæ æнæпрогнозиргонд уавæры тыххæй, нырма бæрæг нæу, дырыс рæстæг, кæд æрцæудзæн Гуырдзыстоны æмбæстæгты эвакуаци.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады æмбарын кæнынц, цæмæй иудадзыг контактыл сты Суданы уæвæг гуырдзиæгтимæ.
«Фæсарæн хъуыддæгты министрад, æндæр æмæ æндæр актортимæ иумæ активон кусы Суданæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты ракæныныл, фæлæ уавæр у иттæг вазыгджын æмæ йын прогноз саразын гæнæн нæй, дарддæр кæнынц быцæуæмбæлдтæ. Уый тыххæй дæр дырыс рæстæг кæд бантысдзæнис Гуырдзыстоны æмбæстæгты ракæнын, нырма бæрæг нæу, стæм иудадзыг контактыл уым уæвæг гуырдзиæгтимæ», – банысан кодтой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Суданы бæстæйы æфсады æмæ «цырд æххуысы тыхты» хæцджыты æхсæн, быцæудзинад 15 апрелæй цæуы.